филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:25 суббота, 04 мая 2024
23 марта 2023, 11:49
ЦИПУйы алы факультетты студенттæ кусынц мобилон æххуысгæнджытæ саразыныл

Сæ фæндон цæмæй сæххæст уа, уый тыххæй сын фæрæзтæ райсынæн баххуыс кодта конкурс «Студентон стартап»

Фидæнмæ бакæсыны фадат фæзынд нырыккон технологиты æмæ æвзонг интеллекты руаджы. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты алы факультетты студенттæ кусынц мобилон æххуысгæнджытæ саразыныл. Сæ фæндон цæмæй сæххæст уа, уый тыххæй сын фæрæзтæ райсынæн баххуыс кодта конкурс «Студентон стартап». Цæмæн хъæуынц, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Фарст «Куыд дæ»-йæн телефоны цы æххуысгæнæг ис, уымæн дзуапп нæ ратдзæн, фæлæ видеоконферецимæ æнцонæй бацæудзæн. Уымæй уæлдай ма «Лулу»-йы бон у къалендары ног бæрæгбон саразын, кæнæ арвитын электрон фыстæг. Йæ саразæг Гæззаты Алан куыд зæгъы, афтæмæй Уæрæсейы ахæм системæтæ нæма ис.

Гæззаты Алан куыд зæгъы, афтæмæй йæ кæддæриддæр фæндыд аивадон интеллекты рæзтыл кусын. Йæ хъуыды цæмæй сæххæст уа, уый тыххæй фæрæзтæ райсын ын баххуыс кодта конкурс «Студентон стартап». Йе руаджы фæсивæдæн байгом ног гæнæнтæ.

Цалынмæ ЦИПУ-йы физикон – техникон факультеты кусынц амалхъомадæмы æххуысгæнæг саразыныл, уæдмæ математикæ æмæ компьютерон наукæты факультеты та æххуысгæнæг аразынц туристтæн. 4-æм курсы студенттæ цалдæр мæйы кусынц мобилон æххуысгæнæг «Тревел Лэнд»-ыл. Ис дзы, нæ республикæйы уазджыты цы зонындзинæдтæ бахъæудзысты, уыдон. Зæгъæм, кæм æрфысым кæнæн ис, стæй цымыдисагдæр цы бынæттæ сты, уыдон. Уымæй уæлдай ма дзы туристтæ фендзысты актуалон экскурситæ, маршрутты дæргъ æмæ цæй аргъ у экскурси, уый дæр.

Æрмæстдæр студенттæ кæуыл бакуыстой, ахæм программæ Цæгат Ирыстоны фыццаг нæу. Æвзонг ахуыргæндтæ сæ стартап равдыстой, куыд дипломон куыст, афтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania