филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:04 суббота, 04 мая 2024
01 ноября 2022, 11:24
ЦИПУйы президент Мæхæмæтты Ахуырбегæн саккаг кодтой Ирыстоны фæллойы хъæбатыры ном

Кадджын хæрзиуæг, Уæрæсейы наукæты сгуыхт архайæг радта Сергей Меняйло

Историон наукæты доктор, профессор, бирæ паддзахадон хæрзиуджыты хицау. Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты президент, стæй ацы ахуыргæнæндоны ректорæй 17 азмæ хæстæг ректорæй чи фæкуыста, уыцы  Мæхæмæтты Ахуырбегæн лæвæрд æрцыд Ирыстоны фæллойы хъæбатæры ном. Ирыстоны адæмæн æрмæст зонгæ нæу, фалæ ма уарзон адæймаг дæр. Кадджын хистæры тыххæй бæстондæр æрмæг бацæттæ кодта Сосранты Жаннæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Ирыстоны фæрнджын хистæр, йæ царды алы уысм дæр адæмы райдзаст фидæнимæ баст кæмæн у, уыцы Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты президент Мæхæмæтты Ахуырбегæн саккаг кодтой Ирыстоны фæллойы хъæбатыры ном. Кадджын хæрзиуæг,Уæрæсейы наукæты сгуыхт архайæг, Уæрæсейы ахуырады академийы уæнг, историон наукæты доктор æмæ профессорæн радта Сергей Меняйло. Йæ арфæйы ныхасы  республикæйы разамонæг стыр аргъ скодта, Мæхæмæтты Ахуырбег Цæгат Ирыстоны ахуырады райрæзтмæ цы æвæрæн бахаста, уымæн. Мæхæмæтты Ахуырбег у æртæсæдæ наукон куысты æмæ дыууадæс монографийы автор. Йæ сисы бынæй рацыд бирæ чингуытæ æма фидæны фæлтæртæн пайдайаг куыстытæ.

Ахуырбеджы фарнæй чи фæхайджын, уыдоны нымæц бæгуыдæр, дзæвгар у. Се хсæн Ирыстоны бирæ хъæуты минæвæрттæ. Батоты – Сосранты Оля, Ахуырбегмæ æххуысагур æрбацыд дæсгай азты размæ, фæлæ йæ зæрдыл лæууы, цымæ знон уыд, афтæ.

Уæвгæ Мæхæмæтты Ахуырбегæн раарфæ кæнын кæй фæнды, уыдон иу æмæ дыууæ не сты. Афтæ фæзæгъынц – рæздæры сконд хъуыддæгтæн дам алы рæстæг дæр аргъгæнджытæ ис. Æцæгæй дæр абон Мæхæмæтты Ахуырбеджы фæллæйттæм акæсгæйæ, æмбæлы зæгъын, цы къабæзты куыста, уым цы стыр æвæрæн бахаста адæмы пайдайæн уыдонæн абоны царды стыр ахадындзинад кæй ис. Æрмæст ЦИПУ – ы цы 37 дæсныйадыл ахуыргæнæн хайады  байгом кодта, уым фадат фæци бирæтæн сæ бæллиц сæххæст кæнынæн, Ирыстонæй макуыдæм ацæугæйæ. Райстой сæ зæрдæмæ хæстæг дæсныйæдтæ, æмæ кусынц алы къабæзты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania