Сæ иртæстыты хатдзæгтæ адæмы размæ рахастой Хуссар Ирыстоны, Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы, Ялтæйы æмæ Ростовы ахуыргæндтæ
«Æрыгон ахуыргæндтæ кусынц наукæйы риссагдæр фарстатыл». Цæгатирыстойнаг паддзахадон университеты цæуы 13-æм æппæтадæмон наукон-практикон конференци. Сæ иртæстыты хатдзæгтæ адæмы размæ рахастой Хуссар Ирыстоны, Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы, Ялтæйы æмæ Ростовы ахуыргæндтæ. Æдæппæтæй форумы архайдтой Уæрæсейы 70 регионы минæвæрттæ. Конференцийы темæтæ баст сты инженерон-техникон, бæстæзонынады, медикон-биологон, хъæууонхæдзарадон æмæ гуманитарон наукæтимæ. Йæ саразджытæ – Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы цур æрыгон ахуыргæндты æмæ специалистты Совет. Форум арæзт фæцæуы æрвылаз дæр, йæ нысан у регионты хсæн бастдзинæдтæ фидардæр кæнын æмæ наукæ парахат кæнын.