филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:41 пятница, 17 мая 2024
24 сентября 2021, 11:21
Цыфæнды хъуыддаг дæр зæрдæйæ куы бауарзай, уæд дзы æнæмæнг равдисдзынæ æнтыстдзинæдтæ

8 астаздзыд шахматисткæ Биазырты Кирæ сси нæ республикæйы чемпионкæ 11 азы онг чызджыты хсæн

Цыфæнды хъуыддаг дæр зæрдæйæ куы бауарзай, уæд дзы æнæмæнг равдисдзынæ æнтыстдзинæдтæ. 8 астаздзыд шахматисткæ Биазырты Кирæ сси нæ республикæйы чемпионкæ 11 азы онг чызджыты хсæн. Ныртæккæ та йæхи цæттæ кæны Цæгат Кавказы федералон зылды турнирмæ. Æвзонг спортсменкæйы тыххæй бæстондæр радзурдзæн Томайты Батраз.

Кафты сусæгдзинæдтæ стыр сценæйы. Аст аздзыд Кирæмæ ныртæккæ ис репетици. Йæ мад дæр ис залы, æмæ йæ чызджы æнтыстдзинæдтæ исы камерæмæ. Уæвгæ ирон кафт тынг уарзы. Уый фæстæ та атагъд кæны шахмæтты секцимæ. Тренер йæ размæ сæвæры зын хæслæвæрдтæ, фæлæ сæ Кирæ сæххæст кæны.

Цæмæй парти рамбулай, уый тыххæй хъæуы раст ацæуын. Кирæ ахæм схемæйыл сахуыр. Уымæн æмæ шахмæтты бындуртæ базыдта, рæвдауæндонмæ ма куы цыди, уæд. Уæд гыццыл чызджы курдиат бафипайдта педагог, æмæ йæ ныййарджытæн бацамыдта Кирæйы стыр спортмæ раттын.

Астаздзыд Кирæ архайдта бирæ турнирты. Фыццаг хатт уыди Костромайы. Фæлæ уæд тынг тыхсти, æмæ йæм фæлтæрддзинад кæй нæ уыди, уый тыххæй йын рамбулын нæ бантыст. Ныртæккæ та æвзонг шахматисткæ сси нæ республикæйы чемпионкæ иуæндæс азы онг чызджыты хсæн. Ныртæккæ йæхи цæттæ кæны Цæгат Кавказы федералон зылды турнирмæ. Æрæджы та ма рамбылдта Æппæтуæрæсеон турнир Анапæйы. Цæгат Ирыстонæн уый уыд фыццаг уæлахиз ахæм ерысты фæстаг æвддæс азмæ.

Кирæ йæ алы хъуыддагыл дæр æмбæлы, куыд карджын адæймаг, афтæ. Куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ дыккаг бынатыл дæр разы нæу. Алы ерыстæм йæхи бацæттæ кæны бæстон. Йæ фæлтæрддзинадыл æфтауы секцийы, хæдзары та йын спорты бындуртæ фæамоны йæ фыд.

Иу къахдзæф иннæйы ивгæйæ, Кирæ цæуы йæ бæллицмæ. Уыимæ кæддæриддæр цæттæ у иннæты ахуыр кæнынмæ дæр. Ацы спорты сусæгдзинæдтæ бамбарын кæны иттæг хорз.

Ныртæккæ шахматтæ кæнынц парахатдæр. Секцитæм арæх ныййарджытæ æрбакæнынц фыццæгæмкъласонты. Фæлæ æппæтæй хуыздæр кар у – 4 азы, зæгъынц специалисттæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ шахмæтты рæзтæн нæ республикæйы уавæртæ нæй. Бæлвырддæр та нæй æмбæлгæ инфраструктурæ.

Зындзинæдтæ нæ хынцгæйæ, педагогтæн æнтысы чемпионты цæттæ кæнын. Лæппутæ æмæ чызджытæ кæнынц тренировкæтæ æмæ фæуæлахиз вæййынц. Се хсæн ис Биазырты Кирæ дæр. Йæ курдиат у дæнцæгæн хæссинаг иннæтæн дæр. Йæхæдæг та дæнцæг исы зындгонд шахматисттæй. Уыдоны хсæн Магнус Карлсен, Гарри Каспаров æмæ иннæтæ. Фидарæй зæгъæн ис, ахæм зындгонд спортсменты æнтыстдзинæдтæ кæй бафæзмындзæн, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania