филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:54 пятница, 19 июня 2026
05 июня 2026, 10:37
Цыколайы арæзт æрцыд дыккаг æрвылазон республикон турнир боксæй

Баст уыд лейтенант Павел Кирсановы ном ссарынимæ

Цыколайы арæзт æрцыд дыккаг æрвылазон республикон турнир боксæй. Баст уыд лейтенант Павел Кирсановы ном ссарынимæ. Фæмард Сирийы, йе фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ. Ерысты архайдтой 156 спортсмены Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, стæй Белгородæй. Турниры уазæг уыд дунейы чемпион боксæй Денис Лебедев. æвзонг боксертæн скодта дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Хъайтмазты Дзерассæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Айдарты Марат рингмæ рацæуы 40 килограммы онг уæзы категорийы. Боксæй архайы 3 азæй фылдæр. Ацы спортмæ цымыдисдзинад æм сæвзæрд зындгонд спортсменты фембæлдтытæм куы бакаст, уый фæстæ. Тренировкæтæ систы йæ царды хай. Кæд æвзонг у, уæддæр æм ис бæлвырд æнтыстдзинæдтæ. Марат у Астраханы æппæтадæмон турниры уæлахиздзау, рацыд ма республикæйы фыццаг бынат бацахсыны ерысты финалмæ. Парвел Кирсановы номарæн турниры та сфидар кодта йæ цæттæдзинады бæрзонд æмвæзад, финалы тæрхонгæнджыты иумæйагæй уынаффæйæ нымад æрцыд уæлахиздзауыл.

Республикон гом турнир боксæй уыд Цыколайы спортивон комплексы. 3 бонмæ рингмæ рацыд 13-14 азы кары 156 спортсмены. Ерысты архайдтой куыд лæппутæ, афтæ чызджытæ дæр. æдæппæтæй уыд 24 уæзы категорийы – 32-йæ 90 килограммы онг. Хæрзиуджытæ райсыныл тох кодтой Цæгат Ирыстоны æппæт районтæй спортсментæ, стæй уазджытæ Хуссар Ирыстонæй æмæ Белгородæй. Турнир арæзт æрцыд лейтенант Павел Кирсановы номыл. Йæ хæстон хæс æххæстгæнгæйæ фæмард Сирийы. Уыд Уæрæсейы æдасдзинады федералон службæйы сæрмагонд нысаниуæджы центры Управлени «А»-йы кусæг. Цы хъæбатырдзинад равдыста, уый тыххæй йæ йæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой Лæгдзинады орденæй. Турнир арæзт цæуы дыккаг аз.

Ерысты кадджын уазæг сси дунейы чемпион боксæй Денис Лебедев. Легендарон спортсмен раргом кодта профессионалон сусæгдзинæдтæ, радта дзуæппытæ фæсивæды фæрстытæн æмæ скодта дæсныйадæвдисæг ахуыр.

Цæгат Ирыстоны Денис Лебедев фыццаг хатт уыд. Фæлæ куыд загъта, афтæмæй республикæйы минæвæрттимæ рагæй у зонгæ. Нырма Уæрæсейы фæсивæдон иугонд командæйы хыгъды бирæ хæттыты тренировкæ кодта ирон спортсментимæ иумæ.

Хатдзæгтæм гæсгæ уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кодтой майдантæй, кады гæххæттытæй. Павел Кирсановы номарæн турнир сси æрвылазон. æмæ алы хатт йæ архайджыты нымæц кæны фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania