филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:50 четверг, 02 мая 2024
05 октября 2022, 11:23
Цыколайы арæзт æрцыд футболон клуб «Алани»-йы капитан Цæрикъаты Тарасы хæрзиуджытæ рамбулыныл турнир

Архайдтой дзы 7 командæйы

Цыколайы арæзт æрцыд футболон клуб «Алани»-йы капитан Цæрикъаты Тарасы хæрзиуджытæ рамбулыныл турнир. Архайдтой дзы 7 командæйы. Кадджын мадзалы бацархайдтой футболон клуб «Алани»-йы сæйраг архайджытæ дæр. Спортивон бæрæгбон федта Сосранты Жаннæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Ацы зæрдылдарæн къам сисыныл Царикъаты Тарасы призтæ рамбулыны  фæндзæм республикон турниры футболисттæ архайдтой дыууæ боны.

Цыколайы стадион та сси бæрæгбоны фæз. Авд командæйы архайджытæ  сæ арæхстдзинад æвдыстой хуыздæрты ном райсыныл. Сæ иуы уæнг – Куымæриттаты Аслæнмæ дæр æрхауд хуыздæр гол бакъуырæджы ном.

Уæвгæ Цæрикъаты Тарасы призтæ рамбулыны турнирмæ, æрвылаз, фенхъæлмæ кæсынц футболуарзджытæ. Ацы хатт уæлдайдæр. Пандемийæйы аххосæй дыууæ азы турнир конд не рцыд. Ныр канд сывæллæттæ нæ цин кæнынц ацы мадзалы, фæлæ ма сæ ныййарджытæ дæр.

Футболон клуб «Алани»-йы раздæры хъазæг, Казахстаны «Актобе»-йы æрдæгхъахъхъæнæг, абоны фæзминаг спорты райрæзтыл кусæг Царикъаты Тарасæн йæхæдæг дæр йæ  футболмæ æмхицдзинад равдыста сабийæ. Йæ фыд Цæрикъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ Цыколайы уыцы рæстæг хъæбысæйхæстæй архайынæн фылдæр гæнæнтæ уыд, æмæ йæ уырдæм кодта, фæлæ Тарасы уды фæндон та æндæр уыд.

Æнæ адæймаджы хуыздæр удыхъæды миниуджытæй хъæздыг адæймагæн, кæй  нæ бантысдзæн саразын ахæм егъау мадзал, уый æнæмæнг хъуыддаг у. Тарас, йæ хæлæрттимæ бацархайдта фылдæр чысыл футболистты зæрдæтæ бахъæлдзæг кæныныл.  39 адæймагæн радтой сæрмагонд лæвæрттæ. Бæрæггонд ма æрцыд хуыздæр фарсхæцæг дæр.

Тарасы хуындмæ гæсгæ мадзалы бацархайдта футболон клуб «Алани»-йы командæ. Йæ уæнгтæ, кадджын уавæры,  радтой лæвæрттæ уæлахиздзаутæн. Сæ сæйраг тренер Тедеты Зауыр дæр нæ бахæлæг кодта йæ арфæйы ныхæстæ æппæт уазджытæн.

Царикъаты Тарасы призтæ рамбулыны турнир Тарасы райгуырæн хъæуы арæзт кæй æрцæуы, уымæй та уæлдай сæрбæрзонд у Æрæфы районы разамынд.

Футболон турниры дыууæ бонмæ бацархайдта авд командæйы. Се хсæн республикæйы зындгонддæртæ. Уыимæ ма, куыд алы хатт, афтæ ныр дæр дзы уыд уазджытæ Кæсæг – Балхъарæй. Æппæтæй хуыздæр хъазт равдыстой футболон клуб «Алани»-йы Академийы хъомылгæнинæгтæ. Дыккаг бынат бацахсыны фаг голтæ бакъуырдта «Барс»-ы командæ, æртыккаг бынаты кубок æмæ майдантæ  радтой фысымтæн.

Афтæмæй ахицæн Цæрикъаты Тарасы призтæ рамбулыны  фæндзæм республикон турнир. Цы стадионы арæзт æрцыд, уый хæрзхъæддзинадæн дæр æнæфæбæрæг кæнæн нæй. Сæрмагонд федералон программæмæ гæсгæ фæзынд ацы райдзыаст бынат.

Ног нысантæ сæ размæ сæвæргæйæ, радон турниры хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдисыны хъуыдыимæ ахæлиу сты Царикъаты Тарасы призтæ рамбулыны турниры архайджытæ. Куыд дарддæр, афтæ фылдæр. Фидæны та фæнд кæнынц йæ архайджытæ географи ноджы фæуæрæхдæр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania