Фондз æфсымæрæй дыууæ сæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлдысты
Цыколайы арæзт æрцыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты, Надгериты 5 æфсымæры: Мухаджир, Мухарбег, Ехья, Мæхæмæт, æмæ Мазаны номарæн республикон турнир дзюдойæ. Фондз æфсымæрæй дыууæ сæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлдысты. Дзюдойæ турнир дæр баст у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы бонимæ. Татамимæ рацыдысты 250 æвзонг спортсменæй фылдæр. Лæппутæ æмæ чызджытæ сты республикæйы æппæт районты минæвæрттæ, 2015-2016-æм азты гуырд. Ерыс кодтой алы уæзы категориты. Хатдзæгтæм гæсгæ уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджынгонд æрцыдысты кубоктæй, майдантæй æмæ кады гæххæттытæй. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ турнир сси рæзгæ фæлтæры патриотон хъомылады ахсджиаг хай. Спортивон мадзал бабæрæг кодтой Надгериты мыггаджы минæвæрттæ, Æрæфы районы администрацийы кусджытæ, стæй спортуарзджытæ.




