Уыимæ ма бацархайдтой, ацы спорты хуызмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ каст, уыцы Дреты Владимиры номарæн турниры стъолыл теннисæй
Ирыстоны стæм хатт фехъусæн ис стъолыл теннисæй архайджыты кой. Цыколайы спортивон дзæбæхгæнæн комплексы арæзт æрцыдысты Уæрæсей æмвæзады стъолыл теннисæй архайджыты æмбырдтæ. Уыимæ ма бацархайдтой, ацы спорты хуызмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ каст, уыцы Дреты Владимиры номарæн турниры стъолыл теннисæй. Мадзалы уыд Сосранты Жаннæ дæр, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.
Дреты Ролан æрхæндæг зæрдæйæ, фæлæ йæ уд райдзастдзинады æнкъарæнтæй æххæстæй, цæттæ кæны йæ фыд Дреты Владимиры номыл стъолыл теннисæй архайджыты лæвæрттæ. Зæрдиагæй бакуыста турнир саразыныл.
Дреты Владимиры номыл турнир арæзт æрцыд фыццаг хатт. Конд уыд Цыколайы спортивон дзæбæхгæнæн комплексы. Бацархайдтой дзы Уæрæсейы регионтæй æрыгон спортсментæ. Сæ фæлтæрддзинадæй фæхайджын сты фысымтæ дæр. Фæбæрæг кæнын хъæуы уый, æмæ Æрæфы районы стъолыл теннисæй дыууæ азæй фылдæр кæй нæ архайынц, фæлæ секцийы хъомылгæнинæгты архайды бæрæггæнæнтæ та сты бæрзонд æмвæзады.
Турнир байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой Æрæфы районы разамынды минæвæрттæ, æрымысыдысты се мхъæуккаг Дреты Владимиры рухс ном.
Цыколайы культуры галуаны сфæлдыстадон къордтæ та , уазæджыты, турниры архайджыты зæрдæтæ барухс кодтой музыкалон номертæй. Уыдоны фæрцы ма Томскы, Дагестаны, Кæсæг -Балхъарæй, Хуссар -Ирыстонæй æрыгон спортсментæ базонгæ сты националон культурæимæ.
Турниры цыдмæ кæсгæйæ æмбæлы зæгъын, ахæм æмвæзады, ацы спорты хуызæй амал арæх кæ не рцæуы арæзт. Фæсивæды дзы кæй фæнды архайын, уый та дызæрдыггаг нæу.
Ацы спортивон мадзал ма мидисджын уымæй рауад, æмæ Æрæфы районы спортивон скъола, Ирыстоны спорты министрад, Уæрæсей стъолыл теннисы Федераци, Дзæуджыхъæуы фæндзæм спортивон скъола, стæй Дреты бинонтæ, сæ зонгæтæ йæ сарæзтыл æмвæндæй кæй бацархайдтой.
Дреты Владимиры номыл турниры уæлахиздзаутæ бæрæггонд æрцыдысты кады гæххæтытæй, майдантæй, зæрдылдарæн лæвæрттæй. Фыццаг дыууæ бынаты райстой дард Томскы цæрæг Тедеты дыууæ æфсымæры Аспар æмæ Сæрмæт. Уæвгæ архайджытæй æнæ æрхъуыдыйæ ничи баззад. Алчи дæр дзы лæвæрттæй уæлдай, йæ райгуырæн бынатмæ фæласта уды хъармдзинад, Ирыстоны уазагуарзондзинады æнкъарæнтæ. Балæвар сæ кодтой зæрдæхæлар адæм, амал саразджытæ.




