филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:48 суббота, 04 мая 2024
19 мая 2023, 11:58
Цыколайы фыццæгæм скъолайы арæзт æрцыд зонадон мадзал

«Точка роста»-йы центры разамонæг Фейзилаты Светланæ йæ ахуырдзаутимæ бацæттæ кодта æртæ фæлтæры фембæлд

Цыколайы фыццæгæм скъолайы арæзт æрцыд зонадон мадзал. «Точка роста»-йы центры разамонæг Фейзилаты Светланæ йæ ахуырдзаутимæ бацæттæ кодта æртæ фæлтæры фембæлд. Уыимæ дзы, адæмы размæ рахаста йæ фыды фыд – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Цæрикъаты Батырбеджы тыххæй мысинæгтæ. Мадзалы сæйраг нысан уыд, рæзгæ фæлтæрмæ сæ хистæрты сгуыхтдзиндæтæ хæццæ кæнын, æмæ сын æмбарын кæнын, абоны сæрибар цардмæ фæндагыл цы тухæнтæ бавзæрстой, уый. Мадзалмæ хуынд æрцыдысты Ирыстоны, стæй районы кадджын минæвæрттæ. Скъоладзаутæ бацæттæ кодтой патриотон хъомыладимæ баст æмдзæвгæтæ, стæй равдыстой хæстон темæйыл театралон равдыст. Æппæт уазджытæн дæр лæвæрд æрцыд ныхасы бар. Сывæллæтты патриотон хъомыладмæ стыр æвæрæн кæй хæссынц, уый тыххæй та скъолайы директор æмæ ахуыргæнджытæ хорзæхджынгонд æрцыдысты профцæдисты æхсæнады кады гæххæттæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania