Турниры уазджытæн æмæ архайджытæн раарфæ кодтой Æрæфы районы разамынд, парламенты депутаттæ
Цыколайы спортивон-дзæбæхгæнæн комплексы арæзт æрцыд Æппæтуæрæсеон турнир стъолыл теннисæй. Баст уыд Дреты Владимиры номимæ. Турниры уазджытæн æмæ архайджытæн раарфæ кодтой Æрæфы районы разамынд, парламенты депутаттæ. Ерысты архайдтой æвзонг спортсментæ нæ бæстæйы алы регионтæй. Уыдон архайынц иумæйаг æмбырдты. Фæсивæд активонæй æвдисынц сæхи. Тырнынц уæлахизмæ, сæ фæлтæрддзинад æвдисгæйæ. Цымыдисаг ерысы рæстæг сбæрæг сты уæлахиздзаутæ, æмæ алы категорийы призертæ. Радтой сын хæрзиуджытæ: кады гæххæттытæ, майдантæ æмæ кубоктæ. Ахæм егъау мадзал стъолыл теннисæй Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд фыццаг хатт. Æвзонг спортсменты æмбырдтæ фæуыдзысты 18-æм январы.




