Разамынд сын дæттынц Томскы облæстæй фæлтæрдджын тренертæ
Цыколайы цæуынц Уæрæсейы алы регионтæй, стæй Хуссар Ирыстонæй æвзонг теннисистты æмбырдтæ. Разамынд сын дæттынц Томскы облæстæй фæлтæрдджын тренертæ. Чызджытæ æмæ лæппутæ фылдæр кæнынц сæ фæлтæрддзинад, стæй ма 10-æм январы онг æвдисдзысты сæ арæхстдзинад. Цы турнирмæ цæттæ кæнынц сæхи, уый ацæудзæн Æрæфы районы спорты галуаны Цыколайы. Архайдзæн дзы алы кары фæсивæд. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Раст позици, ракеткæйыл фидар хæцын æмæ сæйрагдæр – лæмбынæг цæстæнгас. Стъолыл теннисы ахсджиаг у алы лыстæг хъуыддаг дæр. Исты дæ куы ферох уа, уæд фæхæрд уыдзынæ, зæгъы Тедеты Сæрмæт. Спорты ацы хуызæй архайы 5 азæй фæстæмæ. Йемæ базонгæ йæ мады фæрцы. Уый лæппуйæн æрмæст хорз хæлар нæу, фæлæ ма тренер дæр.
Æмæ ахæм лыстæг хъуыддæгтæ стъолыл теннисы чысыл нæй. Алкæцыйыл дæр сæ æмбырдты рæстæг тренертæ спортсментимæ хицæнæй бакусынц. Уымæн æмæ ахсджиаг у хынцын, алы сывæллоны цæттæдзинады æмвæзад дæр.
Æмбырдты архайы алы кары 30 спортсмены онг. Сты æрмæст нæ республикæйы минæвæрттæ нæ, фæлæ ма уазджытæ Хуссар Ирыстонæй, Стъараполы крайæ, Дагестанæй æмæ бæстæйы иннæ регионтæй. Ахæм тренировкæтæ цæуынц куыд сывæллæтты, афтæ сæ ахуыргæнджыты зæрдæмæ дæр.
Стъолыл теннисæй ахæм æмбырдтæ Цæгат Ирыстоны раздæр нæ уыд. Систы чысыл къахдзæф республикæйы спорты ацы хуызы райрæзты хъуыддаджы æмæ æрбангом кодтой сывæллæтты бæстæйы алы къуымтæй.
Сæ арæхстдзинадыл кусгæйæ æмæ кæрæдзийы фæлтæрддзинад исгæйæ, сывæллæттæ цæттæ кæнынц радон ерыстæм. Уыдзысты 10-æм январы. Тренировкæтæй фæстæмæ ма ам вæййы æнæниз цардыуагимæ баст лекцитæ дæр. Афтæмæй рæзгæ фæлтæр хуыздæр бамбардзæн, куыд ахсджиаг у спорт равзарын, уый. Гæнæн ис, æмæ фидæны ацы сывæллæттæй кæмæндæр стъолыл теннис суыдзæн йæ царды хъуыддаг, æмæ ма бирæ хæттыты сæ зæрдыл æрлæудзæн, стыр уæлахизтæм фыццаг къахдзæфтæ куыд кодтой, уый.




