20 февраля 2025, 11:00
Цыколайы уыд республикон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй, 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы лæппуты хсæн
Ерыстæ сарæзта «Фыццæгты змæлд»-ы хайад Æрæфы районы, Европæйы 3 хатты чемпион Фадзайты Мараты хъæппæрисæй
Цыколайы спортивон-дзæбæхгæнæн комплексы уыд республикон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй, 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы лæппуты хсæн. Ерыстæ сарæзта «Фыццæгты змæлд»-ы хайад Æрæфы районы, Европæйы 3 хатты чемпион Фадзайты Мараты хъæппæрисæй. Кадджын уазджытæ систы Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз, Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Гогаты Аслæнбег, Парламенты депутат Махъоты Хетæг. Турнир уæгъдибар хъæбысхæст уарзджытæн сси æцæг бæрæгбон. Архайджытæ равдыстой бæрзонд цæттæдзинад, фæразондзинад æмæ арæхстдзинад. Уæлахиздзаутæ сбæрæг сты 5 уæзы категорийы. Схорзæхджын сæ кодтой рæттæй æмæ майдантæй.




