Æмбырды ма Сергей Меняйло радта цалдæр амынды
Тугъанаты Ларисæ нысангонд æрцыд Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй. Уый фæдыл уынаффæ бафыста республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Тугъанаты Ларисæ йæ цæст дардзæн социалон къабазмæ: культурæ æмæ ахуырадмæ. Хицауады куыст ын зонгæ у. 1998-æй 2015-æм азмæ уыд фæллойы æмæ социалон рæзты министр, 2002 – 2004-æм азты та ма уыд вице-премьер. Æмбырды ма Сергей Меняйло радта цалдæр амынды. Бæлвырддæр та бацæттæ кæнын доклад сæйраг хойраджы продуктты æргъты тыххæй. Уымæй дарддæр æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадæн та бабар кодта дзуапдæттæн куыст бакæнын, афтекты цардæн æнæмæнг хъæугæ препаратты æмæ хосты æргъты тыххæй. Транспорты министрады бахъæудзæн бæлццæттæласæн къабазы фæдыл дзуапп раттын. Хъалонисæн службæйы æмæ Росреестры та прокуратурæимæ иумæ хъæудзæн инвентаризаци скæнын хъалонисæн базæйæн.