филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:20 суббота, 18 мая 2024
26 апреля 2023, 12:08
Тугъанаты Ларисæйы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд

Ныхас цыд, Нарты аз æххæст кæныны мадзæлттыл

Хицауады Сæрдары хæдивæг Тугъанаты Ларисæйы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд. Ныхас цыд, Нарты аз æххæст кæныны мадзæлттыл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2023-æм аз Цæгат Ирыстоны расидтысты Нартиадæйы афæдзæй. Уый тыххæй уынаффæ бафыста республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Мадзæлттæ баст сты ирон адæмы сæйрагдæр хæзна æмæ республикæйы этнокультурон аивад бахъахъхъæнынимæ. Культурæйы министр Галазты Эдуард æмбырды архайджытæн æркæсынмæ бахаста Нартиадæйы азы логотипы варианттæ. Кæронбæттæн вариант нысан кæнынц радон æмбырды сфидар кæнын. Æдæппæтæй проекты ис 100 мадзалæй фылдæр – армукъатæ, равдыстытæ, конкурстæ, тематикон изæртæ, концерттæ æмæ афтæ дарддæр. Культурон цаутæн сæ ирддæр – егъау равдыст «Хуры сывæллæттæ». Экспозици æрбынат кодта Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы. Экспонаттæ ист æрцыдысты музейы фондтæй. Фæлæ ма уыдонæй дарддæр равдысты фенæн ис Национ музейæ æмæ театралон аивады музейæ ист рагон нывтæ, зынаргъ предметтæ. Равдыст «Хуры сывæллæттæ» республикæйы цæрджыты æмæ уазджыты зонгæ кæны нарты кадджыты сюжеттимæ æмæ мотивтимæ. Уæвгæ, Нарты эпос у уникалон истори. Æвдисы нæ адæмы хъæздыг культурæ æмæ традицитæ, – загъта Тугъанаты Ларисæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania