филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:52 четверг, 02 мая 2024
19 июля 2022, 17:22
Тугъанты Махарбеджы номыл музейы байгом равдыст «Сæрдыгон æхсæвты фынтæ»

Экспозицийы Есенаты Æхсары, Челæхсаты Магрезы, Юрий Побережныйы, Бæйцаты Людмилæйы, стæй æндæр зындгонд æмæ æрыгон нывгæнджыты куыстытæ

Нывкæнынад, графикæ, скульптурæ, нырыккон авторон куклатæ. Аивады ацы жанртæ баиу сты равдысты «Сæрдыгон æхсæвты фынтæ». Экспозицийы Есенаты Æхсары, Челæхсаты Магрезы, Юрий Побережныйы, Бæйцаты Людмилæйы, стæй æндæр зындгонд æмæ æрыгон нывгæнджыты куыстытæ. Равдысты аразджытæ йæ фæнд кæнынц æрвылазон скæнын. Ацы хатт экспозици равæрдтой Тугъанты Махарбеджы номыл музейы залты. Гом уыдзæн сентябры онг. Алкæйы бон дæр уыдзæн æрмæст экспонаттæ фенын нæ, фæлæ ма балхæнын сæ зæрдæмæ цы куыст фæцæуа, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania