филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:54 четверг, 02 мая 2024
23 марта 2021, 12:49
Туризмы райрæзт сси сæйрагдæр темæ Проектон офисы радон æмбырды

ысантæм гæсгæ рæхджы хæхты сараздзысты хъæмпæй хæдзæрттæ, æндæр арт-объекттæ, стæй ма къæдзæхтыл бырыны скъола дæр

Æхгæд арæнтæй спайда кæнын, æмæ дунейæн Ирыстон æндæрырдыгæй равдисын. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, нæ регионмæ уазджыты ргом нырыккон мадзæлттæй здахын, ома социалон хызты уылты. Туризмы райрæзт сси сæйрагдæр темæ Проектон офисы радон æмбырды. Нысантæм гæсгæ рæхджы хæхты сараздзысты хъæмпæй хæдзæрттæ, æндæр арт-объекттæ, стæй ма къæдзæхтыл бырыны скъола дæр. Ацы æмæ æндæр темæтыл бæстондæр æрлæудзæн Гуытъиаты Алинæ.

Туризм нымад у нæ республикæйы экономикæйы райрæзты фыццаградон къабазыл. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны нæ республикæйы уазджыты удæнцойæн къæпхæнгай аразынц сæрмагонд инфраструктурæ. Уыдонимæ куыд фæндаггон лæггæдты куыстуæттæ, афтæмæй туристон рекреацион комплекстæ. Ныртæккæ кусынц Цъæйы райрæзты проект саразыныл. Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй Цъæй у цалдæр фæлтæры уарзондæр бынат æмæ хъуамæ фидæны йæ кад дæлæмæ ма руадза.

Туризмы комитеты сæрдар Хъодзаты Зауырбег куыд фехъусын кодта, афтæмæй уал ныртæккæ балхæдтой фондз санитарон фæрæзы. Куыддæр боныхъæд фæхуыздæр уа, уæд сæ сæвæрдзысты Æрæфы æмæ Алагиры районты хæхты. Уымæй уæлдай фехъусын кодта, аст арт-объекты кæй систы туристты уарзондæр бынæттæ. Тагъд рæстæг ма сыл бафтдзæн ноджыдæр дыууæ. Арт-объектты тыххæй радзурдзысты социалон хызты уылты, федералон каналты та равæрдзысты рекламæйы видеоæрмæг. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй уыцы мадзæлттæ хъæуы рагагъоммæ сæххæст кæнын, цæмæй сæрды размæ адæм зоной, нæ республикæ сын цы фæлладуадзæн фæрæзтæ æрцæттæ кодта, уыдоны тыххæй. Стыр æргом здæхт цæуы туристон къабазæн дæсны специалисттæ бацæттæ кæныны хъуыддагмæ. Фидæны специалисттæ ахуыр кæнынц æртæ ахуыргæнæндоны, практикон уагæй та сæ зонындзинæдтæ фидар кæнынц уазæгуæтты æмæ туристон оператортæм. Хъодзаты Зауырбег радзытдта, нæ республикæ æппæты егъаудæр туристон равдысты куыд архайдта, уый тыххæй дæр.

Цæгат Ирыстоны æххæст кæнынц альпинизмы райрæзты проект дæр, бæлвырддæр та Хъазыбеджы хохмæ маршрут. Ныртæккæ уал æвзарынц, маршруты райдиан кæм уыдзæнис, уыцы зæххы хай, республикæйы та æркуыста къæдзæхтыл бырын кæм ахуыр кæнынц, ахæм скъола. Спорты министр Хуыгаты Алан куыд радзырдта, афтæмæй дзы ныртæккæ ахуыр кæнынц æртын сывæллоны. Уыдонæн тагъд рæстæг фæзындзæнис хи скалодром. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй фидæны республикæ æнхъæлмæ кæсдзæн фыццаг спортивон бæрæггæнæнтæм. Туризмы райрæзтыл хорзырдæм зынынц экономикæйы фыццаградон программæтæ. Æмбырды рæстæг дзырдтой Уæллаг Зджыды туристон хъæуы арæзтадыл. Куыстытæ цæуынц нысангонд фæткмæ гæсгæ. Республикæйы сæргълæууæг Алагиры районы разамындæн бабар кодта, цæмæй æххуыс кæной проекты автор Хъарданты Олегæн. Экономикæйы райрæзты министры хæдивæг Дзоблаты Зураб куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ кусынц ног инвестортæ æрбаздахыныл.

Гæнæн ис æмæ тагъд рæстæг Задалескы саразой экологон уагæй сыгъдæг æрмæджытæй хæдзæрттæ. Инвестортæй та иуы фæнды Хæзныдоны хуыйæн фабрикæйы райрæзтыл бакусын. Дзоблаты Зураб куыд загъта, афтæмæй Хæзныдон сæрмагонд экономикон зонæмæ хаст не рцыдис, фæлæ гæнæн ис æмæ уыцы хъуыддаг æнцонæй лыггонд æрцæуа. Уый фæрцы амалхъом адæмæн фæрогдæр уыдзæнис хъалонты уаргъ æмæ хорз уавæртæ фæзындзæнис бизнесы райрæзтæн. Проектон офисы æмбырды дзырдтой нæ республикæйы реанимацион службæйы куыст фæахадгæдæр кæныныл. Тагъд рæстæг клиникон рынчындоны бындурыл байгом кæндзысты ног реанимацион хайад, ныр та уал цæттæ кæнынц агъуыстытæ, æлхæнынц ифтонгарз æмæ æвзарынц дæсны кадртæ. Битарты Вячеславы фиппаинагмæ гæсгæ уыцы куыстытæ хъуамæ цæуой уыцы иу рæстæг, цæмæй цалцæджы фæстæ ног хайад кусын райдайа куыд æмбæлы, афтæ.

Бæрнон адæймæгтæ радзырдтой, мæгуырдзинадимæ тохы программæ куыд æххæстгонд цæуы, уый тыххæй дæр. Фондзсæдæ цыппор проекты сфидар кодтой, алы районты чи кусы, ахæм сæрмагонд къамистæ. Сæ фæрцы бафыстой цыппарсæдæ æстай социалон бадзырды, уыдонæй сæдæ æстай дыууæ райстой фæрæзтæ сæ сæххæст кæнынæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм — программæ æркуыста ацы аз æмæ йын радих кодтой сæдæ фæндзай милуан сомы. Кусы хъæууонхæдзарады, амалхъомады æмæ куыстдæттыны къабæзты. Программæйы архайыны бар ис, царды зын уавæры чи бахауд, нæ республикæйы уыцы цæрджытæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania