филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:54 воскресенье, 19 мая 2024
10 сентября 2019, 17:00
Тускъаты Таймураз æрзылди æмæ аргъ скодта республикæйы социалон объектты арæзтадæн

Се хсæн Национ музей. Ам райдыдта рацарæзты дыккаг къæпхæн.

Тускъаты Таймураз æрзылди æмæ аргъ скодта республикæйы социалон объектты арæзтадæн. Се хсæн Национ музей. Ам райдыдта рацарæзты дыккаг къæпхæн.

Амæй размæйы бæрæггæнæн мадзæлтты фæстæ Хицауады сæрдармæ уыди бирæ фиппаинæгтæ. Зæгъæм, равдыстыты залы консультант кæй нæ уыди, уый. Арæзтæдон куыстыты тыххæй, премьер сбæрæг кодта бæлвырд æмгъуыд. 25-æм декабры онг хъуамæ фæуой куыстыты 80%. Иннæ объект тагъд æххуысы клиникон рынчындон. Цалцæг дзы кæнынц дыууæ хайады. Гинекологон æмæ гастроэнторологон. Тускъаты Таймураз бæстонæй йæ цæст дары ахуырадон æмæ спортивон объектты арæзтадмæ. Дзæуджыхъæуы 12-æм микрорайоны бабæрæг кодта спортивон фæз, аразынц дзы дыууæуæладзыгон спортивон центр. Уыдзæн дзы 7 гауызы, æмæ дзы уыцы иу рæстæг сæ бон тренировкæтæ кæнын уыдзæни хъæбысæйхæцджытæн, æмæ дзюдоисттæн. Скъолаты арæзтад райдыдта 31-æм æмæ 32-æм микрорайонты дæр. Уый фадат ратдзæн, Дзæуджыхъæуы 44-æм скъолайы куыст фенцондæр кæнынæн. Нырмæ дзы съоладзаутæ ахуыр кодтой дыууæ фæлтæрæй. Скъолатæ ма ноджыдæр арæзт цæуынц Дзæуджыхъæуы 2 микрорайоны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania