28 января 2021, 11:22
Тускъаты Таймураз арфæйы ныхæстæ ракодта Уæрæсейы фæсивæдон Дельфиаг хъæзтыты призертæн
Конкурс арæзт æрцыд дистанцион хуызы
Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз арфæйы ныхæстæ ракодта Уæрæсейы фæсивæдон Дельфиаг хъæзтыты призертæн. Конкурс арæзт æрцыд дистанцион хуызы. Нæ республикæ дзы йæхи равдыста 5 номинацийы. Цæгат Ирыстоны æвзонг курдиæттæ дзы бацахстой 6 призон бынаты. Уымæй дарддæр ма систы патриотизмы темæимæ баст сæрмагонд хæрзиуæджы хицæуттæ. Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй Дельфиаг хъæзтытæ сты ирд æвдисæн историон æмæ культурон хæзнатæ хъахъхъæнынæн.
темæмæ гæсгæ