филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:00 вторник, 07 мая 2024
10 марта 2021, 14:25
Тускъаты Таймураз фембæлд Архивон службæйы разамонæг Тебиаты Еленæимæ

Национ хæзнатæ бахъахъхъæнын, уникалон историон æрмæджытæ, архивы фондтæ ног документтæй фæхъæздыгдæр кæнын сты республикæйы архивон службæйы фыццаградон хæстæ

Хицауады сæрдар Тускъаты Таймуразæн видеоконференцийы фæрцы кусæг фембæлд уыди Архивон службæйы разамонæг Тебиаты Еленæимæ. Национ хæзнатæ бахъахъхъæнын, уникалон историон æрмæджытæ, архивы фондтæ ног документтæй фæхъæздыгдæр кæнын сты республикæйы архивон службæйы фыццаградон хæстæ. Фидæны фæлтæртæм нæ адæмы рагон историон цаутæ хæццæ кæнын у нæ алкæйы граждайнаг хæс дæр, загъта Тускъаты Таймураз. Республикæйы разамынды æххуысæй къухы бафтыди Аланийыл куы саргъуыдтой, уый 1100 азы бæрæг кæныны мадзæлттæ бæрæг кæныны фæлгæты паддзахадон центрон архивы ног бæстыхай саразын. Революцийы агъоммæйы рæстæгæй архивон фондты ис бирæ цымыдисаг æмæ стæм чи у, ахæм æрмæджытæ. Тебиаты Еленæйы ныхæстæм гæсгæ, размæ зынгæ къахдзæф акодтой нырыккон информацион технологиты фæрцы. Ахадгæ куыст кæнынц патриотон хъомылады къабазы. Тускъаты Таймураз бахæс кодта, нациты фарстаты фæдыл, ахуырады æмæ культурæйы министрадтимæ æнгомдæрæй кусын. Ахадгæдæрæй кусын хъæуы уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ дæр, цæмæй уыдон æххæстæй пайда кæной аргъ кæмæн нæй, ахæм историон документтæ æмæ æрмæджытæй, уый тыххæй. Æмбырды архайджыты хъуыды уыди иу. Нæ адæмы национ хæзнатæ сты хъæздыг æмæ æмбал кæмæн нæй, ахæм. Уымæ гæсæ сæ хъæуы цæстгагуыйау хъахъхъæнын, æмæ сæ фæлтæрæй фæлтæрмæ дæттын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania