филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:24 пятница, 03 мая 2024
09 сентября 2021, 11:44
Тускъаты Таймуразы разамындæй ацыдис республикæйы районты сæргълæуджытимæ æмбырд

Дзырдтой дзы, регионалон бюджетмæ цы ивддзинæдтæ бахæсдзысты, уыдоны тыххæй

Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймуразы разамындæй ацыдис республикæйы районты сæргълæуджытимæ æмбырд. Дзырдтой дзы, регионалон бюджетмæ цы ивддзинæдтæ бахæсдзысты, уыдоны тыххæй. Министрты кабинеты уæнгтæ æркастысты æмæ сфидар кодтой республикæйы бюджетмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй закъоны проект. Финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Исахъты Олег куыд загъта, афтæмæй документы проектæй сфидар кæндзысты республикæйы бюджеты сæйраг миниуджытæ. Æфтиæгты бæрц ссис 42 миллиарды 503 милуан сомы. Хæрдзтæ та систы 42 миллиарды 462 милуан сомы. Уæлæмхасæн фæрæзтæ сæйрагдæр нысангонд сты социалон къабазы райрæзтæн. 416 милуан сомы фылдæр радих кæндзысты æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадæн. Уыцы фæрæзтæй сифтонг кæндзысты лабораторитæ, балхæндзысты хостæ, коронавирусæй сæ хæдзæртты чи дзæбæх кæны, уыцы адæмæн. Сæрмагонд хойраг балхæндзысты рынчын сывæллæттæн, стæй коронавирусæй чи сдзæбæх, уыцы адæмæн скæндзысты бæлвырд диспансеризаци.

Хъæууон хæдзарады министрадæн цы фæрæзтæ радих кодтой, уыдоныл бафтдзæн 63 милуан сомы. Уыдонæй спайда кæндзысты хъæуккаг территориты райрæзты. 679 милуан сомы та нысангонд сты фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады министрадæн. Уыдонæй спайда кæндзысты, 3 азæй 7 азы онг цы сывæллæттыл цæуы, уыдонæн фиддонтæн. Фæндаггон хæдзарады комитетæн та радих кæндзысты иу миллиард æмæ 300 милуан сомы.

Арæзтады æмæ архитектурæйы министрадæн ратдзысты 16 милуан сомы бæрц. Уыдон схардз кæндзысты социалон-экономикон райрæзты мадзæлттыл. Иу милуан æмæ 200 мин сомы снысан кодтой Дзæуджыхъæуы 31 æмæ 32 микрорайонты скъолайы арæзтадæн. Уыйбæрц арвитдзысты Хъызлары скъолайы арæзтадæн дæр. Тагъд рæстæг закъоны проект арвитдзысты Цæгат Ирыстоны Парламентмæ æркæсынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania