филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:12 пятница, 17 мая 2024
16 февраля 2021, 12:52
Тыхджын дымгæ бахъыгдардта хæдзæрттæ æмæ электрон тыхдæттæг телтæ Хохы Дзуарыхъæуы

Бæрнон кусджытæ нымайынц, æрдзон фыдбылыз цас зиан æрхаста, уый

Æрдзы хивæнд митæ та расайдтой зындзинæдтæм. Хохы Дзуарыхъæуы цы тыхджын дымгæ уыди, уый тынг бахъыгдардта бынæттон цæрджыты хæдзæрттæ æмæ электрон тыхдæттæг телтæ. Бæрнон кусджытæ нымайынц, æрдзон фыдбылыз цас зиан æрхаста, уый. Стæй ма сынсан кодтой адæмæн æххуысы мадзæлттæ.

Хохы Дзуарыхъæуы 11 хæдзары йеддæмæ нæй. Ацы бонтæ бынæттон цæрджытæн æнцон нæ рауадысты. Цы тыхджын дымгæ дзы уыди, уый тынг бахъыгдардта арæзтæдтæ. Æппæтй тынгдæр хъыгдард баййæфтой Дудиаты Æхсарбеджы бинонтæ. Ам цæрынц 67 азы. Æхсар куыд радзырдта, афтæмæй сæ хæдзары сæр хæрзæрæджы баивтой. Фæрæзтæ райстой кредитæй. Æрдзы хивæнд митæ сын æрхастой зындзинæдтæ.

Бынæттон цæрджыты æххуысæй бæстыхайæн йæ сæр ивын райдыдтой. Фæлæ уыдон сты рæстæгмæ куыстытæ. Ахæм дымгæ та дыккаг хатт куы уа, уæд бирæ тæссагдæр уыдзæн. Дудиаты Галинæ куыд зæгъы, афтæмæй сæ мидæгæй дæр хъæудзæн цалцæгггæнæн куыстытæ бакæнын.

Дымгæ ма районы 10 хъæуы бахъыгдардта электрон тыхдæттæг телтæ дæр. Зиан æрхаста 25 хæдзарæн. Фыййагдоны сæргълæууæг Гуыриаты Валерий куыд радзырдта, афтæмæй дымгæйы фæстæ аиппытæ тагъд аиуварс кодтой.

Ныртæккæ бæрнон кусджытæ нымайынц, æрдзон фыдбылыз цас зиан æрхаста, уый. Стæй ма сынсан кодтой адæмæн æххуысы мадзæлттæ. Рагагъоммæ нымайгæйæ сын радих кæндзысты шифер. Уавæрмæ сæ цæст дарынц районы æмæ республикæйы разамынд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania