филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:12 пятница, 17 мая 2024
18 июня 2019, 12:20
Тынг тæвд кæй у æмæ зынгсирвæзтæй тæссаг, уымæ гæсгæ Мæздæджы районы снысан кодтой сæрмагонд фæтк

Уагæвæрд бафыста бынæттон муниципалон сконды сæргълæууæг.

Тынг тæвд кæй у æмæ зынгсирвæзтæй тæссаг, уымæ гæсгæ Мæздæджы районы снысан кодтой сæрмагонд фæтк. Уагæвæрд бафыста бынæттон муниципалон сконды сæргълæууæг. Горæты æмæ хъæуты разамонджыты размæ сæвæрдтой хæс – зынгсирвæзты ныхмæ мадзæлттæ саразын. Цалынмæ уагæвæрд йæ тыхы уа, уæдмæ хъæууон хæдзарады куысджытæн нæй хус кæрдæг судзын. Уымæй уæлдай æрдзмæ цæстдарды министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй ацы районы цæрджытæн нæй хъæдмæ цæуыны бар. Ацы бонты уæлдай къæрцхъус уыдзысты хъæды хæдзарады кусджытæ. Сæрмагонд фæтк æххæстгонд цæудзæн 24 июны райсомы 9 сахатмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania