филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:41 пятница, 19 июня 2026
21 января 2025, 10:38
Уæгъдибар хъæбысхæстæй олимпаг чемпион Сидахъаты Зауырбег архайдзæн «Иван Ярыгины Кубок» рамбулыны æппæтадæмон турниры

Цæгат Ирыстоны иугонд командæмæ хаст æрцыдысты 20 тыхджындæр богалы

Уæгъдибар хъæбысхæстæй олимпаг чемпион Сидахъаты Зауырбег архайдзæн «Иван Ярыгины Кубок» рамбулыны æппæтадæмон турниры. Цæгат Ирыстоны иугонд командæмæ хаст æрцыдысты 20 тыхджындæр богалы. Красноярскы гауызмæ рацæудзысты нæ командæйы раздзогтæ Найфонты Артур, Байаты Давид, Хъарданты Мæхæмæт. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Иван Ярыгины Кубок рамбулыны турнир ацæудзæн Красноярскы, æмæ æрæмбырд кæндзæн дунейы хуыздæр спортсменты. Æппæтадæмон ерыстæ райдайдзысты 23-æм январы, Иван Ярыгины номыл спорты Галуаны, æмæ цæудзысты 4 боны. Турнир арæзт æрцæудзæн ныр 36-æм хатт. Ерыс цæудзæн хæрзиуджыты 20 комплектыл. 10 – нæлгоймæгты хсæн æмæ ма уыйбæрц – сылгоймæгты хсæн. Ныры онг сæ архайд сфидар кодтой дунейы 17 бæстæйы.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania