Архайдтой дзы Хуссар федералон зылды регионты сывæллæтты хуыздæр командæтæ
Уæллаг Фыййагдоны уыд Æппæтуæрæсеон турнир «Фыранкты кубок». Архайдтой дзы Хуссар федералон зылды регионты сывæллæтты хуыздæр командæтæ. Ерыстæ сарæзта Стъараполы крайы ирон культурон-рухстауæн æхсæнад «Алани». Ацы аз æппæтуæрæсеон турнир сбастой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азимæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Уæллаг Фыййагдоны стадион 3 бонмæ сси футболон быцæуты бынат. Фæзмæ рацыдысты Хуссар федералон зылды регионты сывæллæтты хуыздæр командæтæ. Райсомæй уыдысты къордты фембæлдтытæ, изæры – плей-офф æмæ финалтæ.
Æппæтуæрæсеон турнир «Фыранкты кубок» сси спортивон традици. Ерыстæ сарæзта Стъараполы крайы ирон культурон-рухстауæн æхсæнад «Алани». Турниры кадджын уазæг сси – дунейы чемпион æфсæддон самбойæ Хъуылаты Тамерлан. Сæрмагондæй æрбацыд æвзонг футболисттæн раарфæ кæнынмæ, æмæ сын ныфсы ныхæстæ зæгъынмæ.
Цалынмæ ныййарджытæ трибунæтæй сæ сывæллæтты фарс хæцыдысты, уæдмæ сын тренертæ лæвæрдтой, уæлахизмæ хъуамæ чи æрбакæна, ахæм амынддзинæдтæ. Æвзонг футболисттæн «Фыранкты кубок» — сæрмагонд турнир у. Ам цы майдан рамбулынц, уый у командон тыхы нысан. Сывæллæтты футболон скъолатæ «Став-Барс»-ы директор Хъуысаты Дзамболаты ныхæстæм гæсгæ, ахæм турнирты æрмæст æмбулыныл нæ ахуыр кæнынц, фæлæ ма командæйы кусыныл æмæ ныхмæлæууæгæн кад кæныныл.
Ацы аз æппæтуæрæсеон турнир сбастой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азимæ. «Фыранкты кубок» равдыста, спорт кæй ахуыр кæны ивгъуыдæн кад кæныныл æмæ райсомы бонмæ ныфсимæ цæуыныл. Ам алы командæ дæр сси стыр футболон историйы хай, разæй та æвзонг спортсментæм æнхъæлмæ кæсынц æрмæстдæр уæлахизтæ.




