Æдæппæтæй 2 тоннæйы онг
Уæллаг Ларсы контролон-уадзæн пункты баурæдтой, рæуджытæ чи улæфын кæны, ахæм аппаратурæйæн кусæнгæрзтæ. Æдæппæтæй 2 тоннæйы онг. Æрмæг ластой Ростовы облæстæй Туркмæ. Цалынмæ слест цæуа, уæдмæ продукци уыдзæн ахст. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, дунейы бæстæты коронавирус кæй парахат кæны, уымæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы хицауады уагæвæрдмæ гæсгæ, ацы азы 1-æм июны онг нæ бæстæйæ ласæн нæй маскæтæ, бинт, бæмбæг, марля, бахилæтæ, медицинон æрмкъухтæ, халаттæ, хæцгæ низты ныхмæ сæрмагонд костюмтæ æмæ улæфæн кусæнгæрзтæ. Уæллаг Ларсы таможняйы посты хицауы хæдивæг нын куыд радзырдта, афтæмæй, гæххæттытæм кæсгæйæ, сбæрæг кодтой, товар дызæрдыггаг кæй у, уый. Ома кæцы къордтæм хауы, уымæ гæсгæ. Афтæмæй скодтой бæлвырд æркаст. Ныртæккæ дарддæр цæуынц бæрæггæнæн мадзæлттæ. Уый фæстæ, гæнæн ис, æмæ байгом кæндзысты административон барадхæлды фæдыл хъуыддаг.




