07 апреля 2023, 10:59
Уæрæсейаг хъæбысæйхæцджытæ, гæнæн ис, æмæ архайдзысты æппæтадæмон ерысты
Цæгат Ирыстоны паддзахадон тренер Тедеты Малик куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ спортсментæ сты уæлдай разæнгарддæр
Уæрæсейаг хъæбысæйхæцджытæ, гæнæн ис, æмæ архайдзысты æппæтадæмон ерысты. Уый тыххæй информацион агентад ТАСС фехъусын кодта, Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты Федерацийы президент Михаил Мамиашвилийы раныхасмæ гæсгæ. Хъæбысхæсты дунейы бюро снысан кодта, уæрæсейаг æмæ белоруссаг спортсменты æппæтдунеон ерыстæм бауадзын. Фæлæ, æрмæстдæр Æппæтадæмон Олимпаг Комитеты домæнтæ куы сæххæст кæной, уæд. Цæгат Ирыстоны паддзахадон тренер Тедеты Малик куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ спортсментæ сты уæлдай разæнгарддæр. Фæлæ гыццыл гуырысхо дæр кæны, се ппæты бауадзынæй.
темæмæ гæсгæ