филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:47 воскресенье, 19 мая 2024
27 мая 2021, 13:41
Уæрæсейы Æхсæнадон палатæйы эксперттæ бабæрæг кодтой республикæйы спортивон скъолатæ

Базонгæ сты, цы фарстатæ сæ тыхсын кæнынц, уыдонимæ

Уæрæсейы Æхсæнадон палатæйы эксперттæ бабæрæг кодтой республикæйы спортивон скъолатæ. Базонгæ сты, цы фарстатæ сæ тыхсын кæнынц, уыдонимæ. Стæй ма бахынцтой, объекттæ цух цæмæй æййафынц, уыцы хъуыддæгтæ. Мониторингæн хатдзæгтæ скæндзысты абон, форумы фæстаг бон. Эксперттимæ спортивон скъолайы уыди не сфæлдсытадон къорд дæр. Касаты Наирæ радзурдзæн бæлвырддæр хабæрттæ.

Андиаты Сосланы номыл спортивон скъола нымад у чемпионты æрмадзыл. Ам тренировкæтæ кæнынц куыд хæрзæвзонг хъæбысæйхæцджытæ, афтæ фæлтæрдджын спортсментæ. Аив зал æмæ тренировкæтæ кæнæн уæлæмхасæн фæз ам бафиппайдтой Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы эксперттæ. Форум «Сообщество»-йы фæлгæты уазджытæ бабæрæг кодтой олимпаг резервы цалдæр спортивон скъолайы. Къамис арæзт æрцыди, бæстæйы физкультурæ æмæ спорты ахуырадмæ ивддзинæдтæ хаст куы æрцыди, уый фæстæ.

Ацы залы цæттæ кæнынц фидæны чемпионты фехтованийæ. Рапирæ æмæ шпагайæ архайынц арæхстджынæй. Фæлæ цæмæй тагъддæр, уæлдæр æмæ тыхджындæр уой, уый тыххæй сæ хъæуы, хорз материалон-техникон бындур. Фæсивæды хсæн ис ахæмтæ, стыр ныфсытæ кæуыл бæттынц. Фæлæ зал куыд ифтонггонд у хъæугæ кусæнгæрзтæй, уый зæрдæмæдзæугæ нæу. Олимпаг чемпионкæ Санаты Аидæйæн дæр йе спортивон фæндаг райдыдта ацы залы.

Уæлахиздзауты æрмадзтæй ма иу у грекъаг-римаг хъæбысхæсты скъола дæр. Иу стыр зал дихгонд у дыууæ зонæйыл. Ам дзаумæттæ ивæнтæ æмæ тренажертæ дæр. Спорты ацы хуыз адæмы хсæн у тынг парахат. Скъолайы кæдфæндыдæр вæййы бирæ адæм. Фæлæ дзы цæуид ноджыдæр фылдæр адæм, уавæртæ дзы куы уаид, уæд.

Фембæлды хатдзæгтыл эксперттæ æрдзурдзысты абон, форум «Сообщество»-йы фæлгæты. Олимпаг чемпион суæвæн ис цыфæнды залы тренировкæтæ кæнгæйæ дæр. Ам сæйрагдæр у, адæймаджы тырнындзинад. Форумы æрныхас кæндзысты, спортсментæн олимпы бæрзæндтæм схизынмæ сæ фæндаг æппæт уавæртæ æмæ гæнæнтимæ куыд уа, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania