Финалы фæхæрд тæрхонгæнджыты уынаффæмæ гæсгæ
Бигъаты Саидæ дарддæр æвæллайгæйæ архайы йæ дæсныйад фылдæр кæныныл. Уæрæсейы ерысты джиу-джитсуйæ чызг рамбылдта æвзист майдан. Финалы фæхæрд тæрхонгæнджыты уынаффæмæ гæсгæ. 6 азы рацыд, чызг спортивон залмæ куы бакъахдзæф кодта, уæдæй нырмæ. Хорз лæууы йæ зæрдыл, ардæм æй йæ фыд куыд æрбахуыдта, уый. Саидæйæн ацы ерыстæ йе спортивон царды цыппæрæмтæ сты, æмæ йын рауадысты тынг æнтыстджын. Фæлæ чызджы бæллиц у пьедесталы уæлдæр къæпхæнмæ схизын.
Саидæимæ Уæрæсейы ерысты архайæг уыд Дзулаты Азæмæт дæр. Лæппуйæн 66 килограммы уæзы бантыст сызгъæрин майдан рамбулын. Азæмæт æнцонæй фæуæлахиз йæ ныхмæлæуджытыл — лæппу у тынг фæлтæрдджын. Иу æмæ дыууæ хатты не сси стыр ерысты, суанг Ææпæтуæрæсеонты призер. 18 азы йыл куы сæххæст уа, уæд Азæмæт фæнд кæны æмхæццæ хъæбысхæсты хуызты профессионалон æгъдауæй архайын
Уæрæсейы ерыстæ джиу-джитсуйæ февралы астæу ацыдысты Санкт-Петербурджы. Архайдтой дзы 700 спорсменæй фылдæр бæстæйы 40 регионæй. Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ рамбылдтой 4 хæрзиуæджы. Республикæйы иугонд командæйы сæйраг тренер Дзитойты Артуры ныхæстæм гæсгæ, азæй азмæ
Фæстаг азты джиу-джитсу Цæгат Ирыстоны апарахат æрыгæтты *хсæн. Ацы спорты хуыз чи равзары, уыдоны нымæц фылдæр кæны, уымæн æмæ тренировкæтæ кæнынæн фадæттæ хуыздæр кæнынц. Ныр та уал лæппутæ æмæ чызджытæ сæхи цæттæ кæнынц ног ерыстæм. Æппæтуæрæсеон космонавтты Кубок рамбулынмæ Мæскуымæ нæ республикæйæ ацæудзæн 12 адæймаджы. Уый уыдзæн æвзарæн турнир Европæйы ерыстæм джиу-джитсуйæ




