филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:21 воскресенье, 19 мая 2024
14 апреля 2023, 11:20
Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон нывгæнæг Дзбойты Михал сбæрæг кодта йе 85 азы юбилей

Сæрмагондæй уый тыххæй бацæттæ кодта йæ куыстыты равдыст

Скульптурæйы мастер. Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон нывгæнæг Дзбойты Михал сбæрæг кодта йе 85 азы юбилей. Сæрмагондæй уый тыххæй бацæттæ кодта йæ куыстыты равдыст. Æдæппæтæй 85 экспонаты. Ирыстоны цæрджытæн Михалы сфæлдыстад у уæлдай уарзондæр. «Гæздæнты фсымæртæ2, «Æфсати» æмæ æндæр хъуыстгонд куыстыты авторы тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Зындгонд скульптор Дзбойты Михал йæ райгуырды боны агъоммæ цæттæ кæны равдыст. Куыд зæгъы, афтæмæй экспонаттæ дæр хъуамæ уой, йæхиуыл цас сæххæст уыдзæн, уый бæрц – 85. Сгуыхт нывгæнæг адæмæн æргом кæны, йæ зæрдæйы цы æнкъарæнтæ ис, уыдон. Нывты руаджы, гæнæн ис, æмæ адæм сæ цæстæнгас аивдзысты цардмæ.

Дæсныйад æвзаргæйæ Дзбойы фырт хъуыды кодта медицинæйыл, фæлæ сфæлдыстадмæ йæ зæрдæ уыд хæстæгдæр. Зæгъæм, Æфсатийы скульптурæйы эскиз Михал скодта, студент ма куы уыдис, уæд. Ныридæгæн уый у адæмы уарзондæр скульптурæтæй иу.

Нырыккон скульптортæн Дзбойты Михал у дæнцæг. «Городовой», «Мальчик с камерой» æмæ бирæ æндæр куыстыты хицау Хайты Ибрагимæн дæр йæ ахуыргæнæг уыд Дзбойты Михал.

Равдыстæн Дзбойты Михал равзæрта æппæтæй хуыздæр куыстытæ. Хъаныхъуаты Бола, Эвересты уæлахиздзаутæ æмæ хъуыстгонд инæлартæ – сæ цыртдзæвæнтæ срæсугъд кодтаиккой Ирыстоны уынгтæ, ног фæлтæртæн та уыдаиккой фæзминаг адæмыл дзурджытæ – зæгъы Михал. 85 аздзыд скульптормæ нырма бирæ нысантæ ис. Куыд зæгъы, афтæмæй архайы, цæмæй йæ къухы бафтой, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania