филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:32 среда, 01 мая 2024
27 декабря 2023, 10:53
Уæрæсейы гвардийы республикон упарвленийы бахыгътой ацы азы куысты хатдзæгтæ

Æмбырды фехъусын кодтой се мгуыстады бæрæггæнæнты тыххæй республикæйы барадхъахъхъæнæг æндæр дæлхайæдтимæ дæр

Уæрæсейы гвардийы республикон упарвленийы бахыгътой ацы азы куысты хатдзæгтæ, æмæ æрдзырдтой фидæны азмæ ног хæстæ æмæ нысантыл. Штабы хицау Роман Беляков куыд фæнысан кодта, афтæмæй территориалон управленийы кусджыты æмæ æфсæддонты ргом здахынц, бирæ адæм кæм æмбырд кæнынц, ахæм мадзæлттæ аразгæйæ æхсæнадон æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанимæ. Æмбырды фехъусын кодтой се мгуыстады бæрæггæнæнты тыххæй республикæйы барадхъахъхъæнæг æндæр дæлхайæдтимæ дæр. Уæрæсейы гвардийы кусджытæ афæдзмæ рабæрæг кодтой 180 закъонхæлды. Баххæст кодтой граждайнаг хæцæнгарзы зилдухы къабазы фарстатæ дæр. Территориалон оргæны размæ цы хæстæ вæрд уыди, уыдон æххæстгонд æрцыдысты бæстон æмæ æмбæлгæ уагыл.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania