филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:28 пятница, 03 мая 2024
27 июня 2023, 12:08
Уæрæсейы наукæты академийы Дзæуджыхъæуккаг наукон центры делегаци кусæг балцы уыд Сомихы республикæйы

Уый фæрцы æмгуыстады бадзырд бафыстой ахуырады æмæ медиа тыгъдады къабазы

Уæрæсейы наукæты академийы Дзæуджыхъæуккаг наукон центры делегаци кусæг балцы уыд Сомихы республикæйы. Уый фæрцы æмгуыстады бадзырд бафыстой ахуырады æмæ медиа тыгъдады къабазы. Уымæй дарддæр кусæг фембæлдтытæ сын арæзт æрцыдысты Сомихы республикæйы академион æмæ наукон æхсæнады минæвæрттимæ. Ирыстойнаг делегацийы минæвæрттæ бабæрæг кодтой МатенадарАн — дунейы егъаудæр æвæрæн бынат. Хъахъхъæд дзы æрцыдысты рагон сомихаг къухфыстытæ. Стæй ма федтой МесрОп МаштОцы номыл Институт. Уыимæ æмгуыстады бадзырд бафыстой ацы аз мартъийы. Дзæуджыхъæуккаг наукон центры директор Цыбырты Алексей куыд радзырдта, афтæмæй бадзырдтæй иу баст у, ирон ахуыргæндты куыстытæ æппæтадæмон академион рауагъдадты мыхуыр кæныны фадатимæ. Дыккаг проект та, нырыккон æмæ рагон сомихаг æвзæгтæ ахуыр кæнын кæй фæнды, уыцы æрыгон ахуыргæндтæн гом кæны парахат гæнæнтæ. Фидæны сæ бон уыдзæн кусын Сомихы цы архивон æрмæджытæ ис, уыдонимæ. Ирыстонæн уæлдай ахсджиаг сты, алайнаг-ирон æвзагимæ баст æрмæджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania