филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:15 среда, 08 июля 2026
03 июля 2026, 10:29
Уарзондзинад, фæразондзинад æмæ узæлд. Ацы миниуджытæ сты Кæрскуысты стыр бинонты бындуры

Хъомыл кæнынц 15 сывæллоны

Уарзондзинад, фæразондзинад æмæ узæлд. Ацы миниуджытæ сты Кæрскуысты стыр бинонты бындуры. Хъомыл кæнынц 15 сывæллоны. Æрæджы та ныййарæг Кæркуысты Симæйæн лæвæрд æрцыд «Мад-хъæбатыры» кадджын ном. Ацы бинонты сæйрагдæр хæзна сты сæ сывæллæттæ. Хъайтмазты Дзерассæ радзурдзæн æнгом бинонты тыххæй.

Ахæм лæвæрттæ Кæркуысты Симæ исы æрвылбон. Сывæллæттæ йын куы нывтæ скæнынц, куы та хи къухтæй конд алыхуызон дзауматæ йæ аудындзинады тыххæй. Бирæсывæллонджын мадæн хæдзары бирæ куыст ис. Се ппæты дæр бафсадын, хистæрты ахуырмæ сæмбырд кæнын, уый фæстæ бафснайын, уæдæ кæстæртæм дæр кæсын хъæуы. Симæ куыд зæгъы, афтæмæй йын уæгъд рæстæг нæ баззайы. 15 сывæллонæй алкæмæндæр рæстæг хъæуы. Уæвгæ, ахæм куыстытæй сылгоймаг нæ тыхсы. Стыр бинонтæ стыр æхсызгондзинад сты. æмæ сæм йæ цардæмбалимæ ахæм æнкъарæнтæ ис ныр 22 азы – фыццаг фазæттæ куы райгуырдысты, уæдæй фæстæмæ.

12-аздзыд Алинæ фидæны йæ цард фæнд кæны музыкæимæ сбæттын. Нырма уал ын йæ аивадæн аргъ кæнынц кæстæр æфсымæртæ æмæ хотæ. Кæркуысты бинонты сывæллæттæн сæ фылдæр цыдысты кæнæ цæуынц музыкалон скъоламæ. Ныййарджыты хъæппæрис у сæ хъæбултæн радтын алывæрсыг райрæзтæн гæнæнтæ.

Бæстæйы президенты лæварæй – ног сервизæй – спайда кæныны æфсон нæма уыд. Фæлæ хæстæгдæр рæстæг фæнд кæнынц æппæт бинонтæй æрæмбырд уæвын æмæ æрхъуыды кæнын сæ балц Кремльмæ, Владимир Путинимæ фембæлдмæ. Мæйы размæ Кæркуысты Симæ райста «Мад-хъæбатыры» кадджын ном.

«Мад-хъæбатыры» республикон кадджын ном Симæ райста нырма 2017-æм азы. Уæдæй фæстæмæ бинонтæ зынгæ фæфылдæр сты. 9 чызджы æмæ 6 лæппуйы. Се хсæн 3 фазæттæ. Ныййарджытæ архайынц, раст фæндагыл сæ слæууын кæныныл æмæ ахуыр кæнын цард уарзыныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania