Ацы аз, Цæгат Ирыстоны программæ горæты æнцонвадат царды фæлгæты сног кæндзысты 41 æхсæнадон территорийы
Уынгты инфраструктурæйы аивдзинад, социалон æххуысы фарстатæ æмæ фæндæгты арæзтады темæйыл ныхас цыди республикæйы хицауады æмбырды. Ацы аз, Цæгат Ирыстоны программæ горæты æнцонвадат царды фæлгæты сног кæндзысты 41 æхсæнадон территорийы. Æдæппæтæй та программæйы фæрцы базылдысты 900 зонæмæ. Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы ныхæстæм гæсгæ, ацы куыст хъæуы дарддæр ахæццæ кæнын. Æмбырды æрдзырдтой сидзæр сывæллæттæн хæдзæрттæ дæттыны фарстайыл дæр. Ныр, фыццаджыдæр ацы социалон æххуысæй пайда кæнын сæ бон у сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, кæнæ йе фсæддон хæс регионты хсæн арæнтыл чи æххæст кæны, уыдонæн. Фæллойы æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анджелæ радзырдта, Донецкы æмæ Луганскы Адæмон республикæты цæрджытæй ныртæккæ Ирыстоны чи ис, уыдонæн рæстæгмæйы уавæртæм хицауад цы ивддзинæдтæ бахаста, уыдоны тыххæй.
Æмбырды фехъусын кодтой Цæгат Ирыстоны кад конкурс «Хуыздæр муниципалон практикæ»-йы чи хъахъхъæндзæн, уыцы хъæу. Ахæм кады аккаг сси Черменыхъæу. Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой фæсивæдон политикæйы къабазы премийы лауреатты. Фæндæгты комитеты сæрдар фехъусын кодта, объектты арæзтадæн чи хъæуы, ахæм зæххы хæйтты тыххæй информаци. бæлвырддæр та — ныхас цыди «Хохы Саниба-Хъæрмæдон»-ы машинæты фæндагыл.




