филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:35 суббота, 18 мая 2024
17 июня 2021, 16:41
Уырыссаг георгафион æхсæнады цæгатирыстойнаг хайад Пензæйы облæсты хайадимæ иумæ сараздзысты этнографион экспедици

Экспедицийы нысан у – Сомихы æмæ Азербайджаны уырыссагау дзурæг цæрджыты уавæртæ базонын

Уырыссаг георгафион æхсæнады цæгатирыстойнаг хайад Пензæйы облæсты хайадимæ иумæ сараздзысты этнографион экспедици «Современный этномир. Горизонты Кавказа». Экспедицийы нысан у – Сомихы æмæ Азербайджаны уырыссагау дзурæг цæрджыты уавæртæ базонын. Экспедицийы фыццаг хай уыдзæн сентябры, ахæццæ та йæ кæндзысты 2022-æм азы апрелы. Этнографион мадзалы бацархайдзысты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ дæр. Раздæр ахæм иртасæн куыст цыди Узбекистаны, Казахстаны æмæ Кыргызстаны. Фарон сентябры Цæгат Ирыстон архайдта Уырыссаг георгафион æхсæнады регионты Советы. Уæд фембæлды архайджытæ стыр æргом аздæхтой географион ахуырады рæзтмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania