филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:58 воскресенье, 05 мая 2024
03 мая 2023, 12:26
Владимир Путин бафыста указ Гергиты Валерийы «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты» дыккаг къæпхæны орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй

Зындгонд дирижер сбæрæг кодта йе 70 азы юбилей

Уæрæсейы президент Владимир Путин бафыста указ, нæ кадджын æмзæххон Гергиты Валерийы «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты» дыккаг къæпхæны орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй. Зындгонд дирижер сбæрæг кодта йе 70 азы юбилей. Мариинаг театры аивадон дирижерæн бантыст дунейы сæйраг сценæтæ йæ аивадæй барухс кæнын. Кæддæр музыкæйы уацары бахаугæйæ, ныртæккæ та сси классикон аивады æцæг паддзах. Национ наукон библиотекæйы йæ кадæн арæзт æрцыд концерт. Дирижеры пульты раз æрлæууыд маэстройы рагон хæлар, композитор Махъоты Ацæмæз. Ацы бон æй бафæндыд йæ оркестримæ ирыстойнаг композиторты уацмыстæ ацæгъдын. Сфæлдыстадон изæры сæрмагонд уазджытæ – национ ансамбль Уацамонгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania