14 сентября 2023, 11:19
Владимир Путин паддзахадон кады грамотæ радта Цæгат Ирыстоны муфтий Гуæцæлты Хадзымуратæн
Динты æмæ нациты ахастдзинæдтæ фидардæр кæныны æмæ адæмы хсæн хæлардзинад тауыны хъуыддæгтæм стыр æвæрæн кæй хæссы
Динты æмæ нациты ахастдзинæдтæ фидардæр кæныны æмæ адæмы хсæн хæлардзинад тауыны хъуыддæгтæм стыр æвæрæн кæй хæссы, уый тыххæй Владимир Путин паддзахадон кады грамотæ радта Цæгат Ирыстоны муфтий Гуæцæлты Хадзымуратæн. 2010-æм азæй нырмæ разамынд дæтты республикæйы пысылмæтты управленийæн. 2012-æм азæй фæстæмæ та ма у Уæрæсейы муфтиты Советы æмæ Цæгат Кавказы пысылмæтты Координацион центры æмсæрдар. Стратегион цæстдарды центр «Россия – исламский мир»-ы уæнг. Абон Гуæцæлты Хадзымурат нымад у Цæгат Кавказы æппæтæй кадджындæр дины кусджытæй иуыл. Йæ хъуыды æмæ йын йæ цæстæнгасæн пысылмон диныл хæст адæм кæнын стыр аргъ.