филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:41 пятница, 10 мая 2024
13 апреля 2021, 12:26
Юрий Чайка базонгæ кодта Цæгат Ирыстоны ног сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлоимæ

Кадджын мадзал арæзт æрцыд парламенты æмбырдты залы

Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка республикæйы хицауады æмæ парламенты базонгæ кодта Цæгат Ирыстоны ног сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлоимæ. Кадджын мадзал арæзт æрцыд парламенты æмбырдты залы. Хуынд æм æрцыдысты федералон структурæты разамонджытæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ. Юрий Чайка куыд загъта, афтæмæй 5 азмæ Битарты Вячеслав республикæйы сæргъы лæугæйæ стыр куыст бакодта. Регионы бафиппайæн ис социалон-экономикон рæзт, æнтыстджынæй архайдта национ проектты, стæй ахадгæ архайд цыди пандемияйы рæстæг. Сергей Меняйлойы кой кæнгæйæ Юрий Чайка уæлдай æргом аздæхта, республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Цæгат Ирыстонæн у зонгæ адæймаг. Райгуырд æмæ схъомыл Алагиры. Сергей Меняйло у хорз разамонæг. Цæуы йыл 60 азы. Хъуыстдгонд у Уæрæсейы политикæйы æмæ æфсæддон-денджызон флоты архайдæй. Йæ дæсныйады райдыдта инженер-штурмæнæй æмæ сси – вице-адмирал. Разамынд лæвæрдта Новороссийскы æфсæддон–денджызон базæйæн, архайдта 2008-æм азы августы хæстон цауты. Уыд Севастополы губернатор, стæй Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Сыбираг федералон зылды.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania