филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:07 вторник, 07 мая 2024
20 декабря 2023, 12:15
Юрий Гагарины номыл сквер суыдзæн, егъау мадзæлттæ æмæ дзыллон æмбырдтæ аразæн кæм уыдзæн, ахæм бынат

Уый тыххæй цы проект сарæзтой, ууыл æрдзырдтой æмæ йæ хорзыл банымадтой Хицауады æмбырды

Юрий Гагарины номыл сквер суыдзæн, егъау мадзæлттæ æмæ дзыллон æмбырдтæ аразæн кæм уыдзæн, ахæм бынат. Уый тыххæй цы проект сарæзтой, ууыл æрдзырдтой æмæ йæ хорзыл банымадтой Хицауады æмбырды. Уымæй уæлдай, министртæ æркастысты æндæр фарстатæм дæр. Се хсæн – æнæзакъонæй хæцæнгарз кæнæ рæмудзæн æрмæджытæ йæхимæ чи дары, уыдон сæ барадхъахъхъæнджытæм куы радтой, уæд сын фиддонтæ бафидын. Куыд загътой, афтæмæй фæрæзты бæрц уыдзæн 40 мин сомы онг. Уæдæ ныхас цыд республикæйы цæрджыты æмæ территоритæ æнæхъæлæджы уавæртæй хъахъхъæнынады Центры кусджыты мыздыл дæр. Министртæ рахастой уынаффæ, мызд фæфылдæр кæныны тыххæй. Афтæмæй ведомствæйы кусджытæ кæндзысты разæнгарддæр, сæ фæллойы æвдисæнтæ та кæндзысты хуыздæр.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania