28 апреля 2022, 11:27
Задæлескы Нанайы хæдзар-музейы алыварс территорийы рацарæзт кæронмæ æрхæццæ
Куыстытæн сæ фылдæр бакодтой хъæуы цæрджытæ сæхæдæг
Задæлескы Нанайы хæдзар-музейы алыварс территорийы рацарæзт кæронмæ æрхæццæ. Куыстытæн сæ фылдæр бакодтой хъæуы цæрджытæ сæхæдæг. Фæз равæрдтой æрдзон дурæй. Змис баластой Ростовы облæстæй. Территори сарæзтой этностилы. Рацарæзт кæнгæйæ, пайда кодтой канд хъæддаг дурæй нæ, фæлæ ма хъæдын конструкцитæй. Уыдон иттæг хорз сфидыдтой Задæлескы æрдзон ландшафты.