филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:45 среда, 01 мая 2024
29 декабря 2023, 11:41
Заманхъулы архайынц нефть æмæ газ исыны куыст сног кæнын

Уыцы хъуыддагмæ ма хъæуы иу къахдзæф

Заманхъулы архайынц нефть æмæ газ исыны куыст сног кæнын. Уыцы хъуыддагмæ ма хъæуы иу къахдзæф. Уый скæнынæн хорз уаид инвесторты æххуыс. Финансон гæнæнтæ куы уа, уæд сæрмагонд лицензи кæмæ ис, уыцы компани райрайдзæн нефть æмæ газы промышненнон хуызы исын. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Цъасс æхгæнæн чысыл байгом кæн æмæ дзы уайтагъд рацæуы æрдзон газ. Уæвгæ, нефтьмæ бахæццæ уæвын нæма ис, уымæн æмæ сæвзæрд змисæй æмæ æлыгæй пробкæ. 40-æм номеримæ нефты æмæ газы цъасс ис Заманхъулæй километр дарддæр Сунжæйаг æфцæгыл. Йæ истори райдыдта ивгъуыд æнусы 70-йæм азты. Уæд æй ацы гуырæн бынаты байгом кодта геологон-агурæн организаци. Цъасс хуыйны нефтьагурæн. Кæд æмæ уыцы рæстæг специалисттæ снысан кодтой нефты æмæ газы бирæ фæзындтæ, уæддæр сау сыгъзæрин уайтагъд ссарын нæ бантыст.

Цъассы арф у 3 километрæй фылдæр. Ныххуынк æй кодтой цалдæр цъары уылты. Фарон цалцæггæнæн куыстыты рæстæг дзы рацыд газджын нефть 200 литры бæрц. Ныртæккæ йæ исыны фадат нæма ис, цалынмæ специалисттæ змисæй æмæ æлыгæй пробкæ нæ айсой уæдмæ.

Цъассы цы нефть райстой, уый хæрзхъæддзинад бæрзонд у, зæгъы нефтьисæн компанийы директор Кокайты Алан. Йæ хуыз сау нæу, фæлæ цъæхгонд. Ахæм нефтæй цæттæ продукты процент дзæвгар бæрзонддæр у.

Йæ финансон гæнæнтæ кæй нæ амонынц, уымæ гæсгæ компанийæн йæ бон нæу æдзухдæр нефть исын. Хæстæгдæр рæстæг фæнд кæны рахсын змисæй æмæ æлыгæй пробкæ æмæ райдайын исын хомаг. Цы фæрæзтæ райса, уыдонæй та куыстуаты архайд фæуæрæхдæр кæнын. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, инвестицитæ куы бафта, уæд нæ республикæйы нефтьисæн къабаз размæ стыр къахдзæф акæндзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania