филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:06 четверг, 25 апреля 2024
19 мая 2022, 11:18
Заманхъулы скъолайы ахуыргæнæг Багаты Ибрагим сси федералон конкурсы финалист

Ног гæнæнтæй пайдагæнæг ахуыргæнæгимæ фембæлд нæ сфæлдыстадон къорд.

Хуымæтæджы нæ фæзынд хъуыды – ахуыргæнæг дæсныйад нæу, фæлæ  зæрдæйæ уарзон хъуыддаг.  Уымæн дæнцæгтæ æрхæссæн бирæ ис. Багаты Ибрагим Заманхъулы скъолайы цы рæстæг кусы, уыцы рæстæг йæ ахуырдзауты уарзондæр предметтæй иу сси Истори. Ибрагим сæм æй хæццæ ног хуызы. Уыимæ, æрыгон ахуыргæнæг, архайы алы æмвæзады конкурсты. Ацы хатт сси  федералон конкурсы  номинаци «Молодые учителя»-йы финалист. Ног гæнæнтæй пайдагæнæг ахуыргæнæгимæ фембæлд нæ сфæлдыстадон къорд. Ныхасы бар Сосранты Жаннæйæн.

Заманхъулы скъолайы фæндзæм къласы ахуырдзаутæ историйы урочы, сæ хъуыды ргом кæнынц, фыдыбæстæ хъахъхъæнæг чи у, уый æууæлты тыххæй. Æрыгон ахуыргæнæг Багаты Ибрагим йæ уроктæ кæны ног хуызы. Сывæллæттæм бахъуыды кæнинаг æрмæг хæссы дискуссийы хуызы. Æртæ азы размæ æрбацыд скъоламæ, æмæ йæхицæн равзæрста сабитимæ афтæмæй кусын. Кæд æнахуыр хуызы у, уæддæр скъоладзауты зæрдæмæ цæуы.

Фæсивæд ахæм урокты темæтæ уайтагъд бахъуыды кæнынц. Скъоладзаутæ æмхиц кæй сты ацы хуызмæ, уый та бæрæг у историйы  урокмæ кæй фæтагъд кæнынц, уымæй. Фæлæ йæ зонынц, цымыдисаг дзы кæй уыдзæн, уый. Айляраты Мураты зæрдæмæ, уæлдай хæстæгдæр у Римаг империйы рæстæг.  Фæндзæмкъласон куыд зæгъы, афтæмæй Багаты Ибрагим сын дæтты фадат сæ хъуыдытæ раргом кæнынæн.

Багаты Ибрагим у юрист, ахуыргæнæджы дæсныйадмæ йе ргом раздæхта æнæнхъæлæджы. Йæ хъуыдымæ гæсгæ,  бирæ рæстæг æвзæрста юридикон практикæ цæимæ баиу кæнæн ис,уый. Архайдта сфæлдыстад æмæ наукæйыл, йæхи фæлвæрдта алы къабæзты.  Кæронбæттæны та равзæрста ахуыргæнæджы куыст. Заманхъулы скъоламæ цæуы Беслæнæй. Куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæттимæ куыст ын у тынг æхсызгон.  Хистæр æмкусджытæ та, бахъуаджы сахат,  цæттæ сты йæ фарсмæ æрбалæууынмæ.

Ибрагим фарон сси конкурс «Педагогон дебют»-ы регионалон къæпхæны уæлахиздзау. Ацы аз  та рацыд  федерального конкурсы финалмæ. Æрыгон ахуыргæнæджы зæрдиаг куыст зонгæйæ Ибрагимæн йе мкусджытæ баунаффæ кодтой конкурсы бацархайын.

Багаты Ибрагим канд историмæ не мхиц кæны сывæллæтты, фæлæ сын сæ гыццыл удты гуырын кæны патриотон хъомыладимæ баст миниуджытæ. Заманхъулы скъоладзаутæ æрæджы се вæрæн бахастой акци «Салдатмæ фыстæг»-мæ дæр.  Украинæйы нацизмимæ цы æфсæддонтæ тох кæны , уыдонæ фарсхæст радтыны нысаниуæгимæ текстытæ, зæрдиагæй ныффыстой чызджытæ æмæ лæппутæ.  Ибрагим сын зæрдæ бавæрдта алы фыстæг дæр йæ хицауыл сæмбæлын кæнынæй.  Йæ ахуырдзаутæн, канд уарзон ахуыргæнæг нæу, фæлæ хистæр хæлар, дæнцæгæн хæссинаг адæймаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania