Харзаудæн армукъа «Мах стæм иумæ»-йы цы æхца æрæмбырд кодтой, уыдонæй сын балхæдтой æппæт хъæугæ фæрæзтæ
Уазалгæнæн камерæтæ, интерактивон фæйнæджытæ, компьютертæ… Запорожьейы облæсты Черниговы районы скъолатæм æмæ рæвдауæндæттæм арвыстой гуманитарон æххуыс. Харзаудæн армукъа «Мах стæм иумæ»-йы цы æхца æрæмбырд кодтой, уыдонæй сын балхæдтой æппæт хъæугæ фæрæзтæ. Мадзал арæзт æрцыди республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæйы хъæппæрисæй. Армукъайы архайдтой Цæгат Ирыстоны æппæт ахуыргæнæндæттæ. Уый, скъолатæ, техникумтæ, уæлæмхасæн ахуырады куыстуæттæ. Черниговы районмæ радон гумманитарон æххуыс ныххæццæ уыдзæн абон. Хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы волонтертæ æмæ ахуырады министрады минæвæрттæ фембæлдзысты 58-æм æфсады æмæ Плиты Иссæйы номыл полчы æфсæддонтимæ дæр, стæй абон нæ бæстæйы хæдбардзинадыл чи тох кæны, уыцы æмзæххонтимæ.




