филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:21 понедельник, 20 мая 2024
22 апреля 2021, 13:37
Заводскойы поселочы арæзт æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат бæхылбадынæй

Ерыс кодтой куыд фæлтæрдджын барджытæ, афтæ юниортæ дæр Цæгат Ирыстонæй, Мæскуыйæ æмæ Краснодарæй

Спортивон цæттæдзинад æмæ рæсугъддзинад. Ацы миниуджытæ ахæссæн ис бæхылбадыны спорты хуызмæ. Заводскойы поселочы арæзт æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат спорты ацы хуызæй. Ерыс кодтой куыд фæлтæрдджын барджытæ, афтæ юниортæ дæр Цæгат Ирыстонæй, Мæскуыйæ æмæ Краснодарæй. Куыд рауадысты ерыстæ, уый тыххæй радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Андрей Митин цыппор азæй фылдæр ис бæхты спорты. Уæрæсейы чемпион, спорты мастер, æппæтадæмон турнирты уæлахиздзау æмæ Рио-де-Жанейройы олимпиадæйы архайæг ныртæккæ йæхи цæттæ кæны Токиойы Хъæстытæм. Цæгат Кавказы чемпионат нымайы, йæ хъару æххæстæй кæм равдисдзæнис, ахæм мадзалыл.
Ацы аз чемпионатимæ уыцы-иу рæстæг цæуынц æндæр ерыстæ дæр. Бæхылбадджытæ тох кæнынц Дзæуджыхъæуы мэры кубокыл дæр. Коронавирусы пандемияйы тыххæй ерыстæ рагæй нал уыдысты æмæ сæм уый тыххæй уæлдай зæрдиагдæрæй æнхъæлмæ кастысты.
Манежыл цыд, кросс æмæ конкур. Ерысты программæ у хъæздыг æмæ мидисджын. Сæ тыхтæ æвзарынц куыд æрыгон бæхылбадджытæ, афтæ фæлтæрдджынтæ дæр. Æрыгæттимæ ис Андрей Митины чызг дæр. Цæуы йыл æрмæстдæр аст азы. Турниры архайынц спортсментæ Мæскуы, Краснодар æмæ Цæгат Ирыстонæй. Фæлæ Ростов, Курск æмæ Орелы минæвæрттæ ерыстæм не рбацыдысты. Сæ регионты сбæрæг ис бæхты æхснырсæг.
Дзæуджыхъæуы мэры кубок рамбылдта Андрей Митин. Цæгат Кавказы чемпионаты та фæуæлахиз сты Хъуысаты Алан æмæ Байаты Зауырбег. Æрыгæтты хсæн фыццаг ссис Тменаты Дианæ. Ныртæккæ иугонд командæ цæттæ кæны æппæтадæмон турнирмæ. Ацæудзæнис Минскы 12 — 16 маймæ. Уырдыгæй хуыздæр бæхылбадджытæ араст уыдзысты Германимæ Олимпиадæйы агъоммæ карантинмæ, уый фæстæ та Токиомæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania