филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:15 воскресенье, 19 мая 2024
25 апреля 2023, 11:43
Заводскойы поселочы арæзт æрцыдысты Æппæтуæрæсеон, æмæ Цæгат Ирыстоны Кубок рамбулыны ерыстæ бæхыл бадынæй

Турниры архайдтой 30 спортсменæй фылдæр Мæскуыйæ, Мæскуыйы, Свердловскы æмæ Ростовы облæсттæй, стæй Калугæйæ, Краснодары крайæ æмæ Цæгат Ирыстонæй

Заводскойы поселочы арæзт æрцыдысты Æппæтуæрæсеон, æмæ Цæгат Ирыстоны Кубок рамбулыны ерыстæ бæхыл бадынæй. Турниры архайдтой 30 спортсменæй фылдæр Мæскуыйæ, Мæскуыйы, Свердловскы æмæ Ростовы облæсттæй, стæй Калугæйæ, Краснодары крайæ æмæ Цæгат Ирыстонæй. Ерыстæ цыдысты 3 боны. Барджытæ сæ архæстдзинад æвдыстой алыхуызон фæлтæрæнты. Æппæты цымыдисагдæр, кæй зæгъын æй хъæуы – конкур. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр хабæрттæ.

Цæмæй ахæм рæсугъд номимæ рæсугъд æнкъарæнтæ уой фæзы дæр, уый тыххæй хъуамæ хæлар ахастдзинæдтæ уой фыццаджыдæр цыппаркъахыг цæрæгойимæ. Уымæй тынг бирæ аразгæ у, куыд спорты, афтæ царды дæр.

Æдæппæтæй ерысты архайдтой 30 барæгæй фылдæр Уæрæсейы алы регионтæй. Цæгат Ирыстоны бæзты спортивон скъолайы кад та хъахъхъæдтой 6 спортсмены. Уæвгæ ацы сезон профессионалон цæфтæ дæр бирæ уыд. Цалдæр спортсмены уый аххосæй ерысты нæ архайдтой. Се хсæн хъуыстгонд бæхыдбадæг, Уæрæсейы чемпион æмæ Олимпаг хъæзтыты архайæг Андрей Митин. Зымæгонд манежæй гом арвы бын фæзмæ рахизгæйæ, цы зиндзинæдтæ сæвзæрынц, уый йæхиуыл банкъардта Хъуысаты Алан дæр. Фæлæ зындзинæдтæ нæ хынцгæйæ, спортсмен йæхи равдыста иттæг хорз. Программæ сæххæст кодта сыгъдæг. Тырныдта сызгъæрин майдан рамбулынмæ, фæлæ йын рæстæг не сфаг ис. Уымæ гæсгæ Хъуысаты Алан сси ерысты бронзæ призер.

Æппæты зындæр программæ «Три звезды»-йы фыццаг сси Мария Литвиненко Мæскуыйæ. Бæхыл бадыны спорт у иунæг, сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ æмрæнхъ кæм архайынц, ахæм. Ерыстæм ацы къæсхуыртæ чызг йæхи бацæттæ кодта уæндонæй. Йæ цыппаркъахыг æмбал Рекрут дæр йæ хæстæ сæххæст кодта иттæг хорз.

Ныхмæлæуджытæ дæр – фæлтæрдджын спортсментæ, – зæгъы Уæрæсейы иугонд командæйы хистæр тренер Хъыбызты Фердинанд. Уымæ гæсгæ спортсменты хъуыди æппынæдзухдæр хиуыл хæцын. Алы рæдыдæн дæр тæрхонгæнджытæ истой баллтæ.

Цæгат Ирыстоны сæмбырд сты Уæрæсейы иугонд командæйы уæнгтæ. Уыимæ куыд сæйраг, афтæ фæсивæдон хыгъдтæ дæр. Стыр ныфсытæ æвæрдтой бынæттон спортсменкæ Эллинæ Мурадьянцыл. Фæлæ йæ старты размæ бахъуыд йæ бæхы аивын.

Æппæтадæмон турнир Минскы, Мæскуйы Кубок рамбулыны ерыстæ, æмæ Уæрæсейы чемпионат Екатеринбурджы. Разæй ног ерыстæ æмæ ног хæстæ. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ ма спортсментæн хи равдисыны фадат уыдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania