филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:15 вторник, 03 ноября 2026
14 февраля 2025, 11:06
Заводскойы поселочы Къудухты Бесикы уынджы цæрджытæ тыхсынц сæ фæндаджы уавæрæй

Газы хæтæлтæ дзы куы баивтой, уый фæстæ дзы нæй нæдæр фистæгæй, нæдæр машинæйыл ацæуæн

Æркæсинаг хъуыддæгтæ бирæ. Заводскойы поселочы Къудухты Бесикы уынджы цæрджытæ тыхсынц сæ фæндаджы уавæрæй. Газы хæтæлтæ дзы куы баивтой, уый фæстæ дзы нæй нæдæр фистæгæй, нæдæр машинæйыл ацæуæн. Уæлдайдæр та къæвдаты фæстæ. Ахæм уавæры сты цалдæр мæйы. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ацы кадртыл Къудухты Бесикы уынг поселок Заводскойы. Газы хæтæлтæ дзы куы сæвæрдтой, уый фæстæ дзы ацæуæн нæй. Зæххы куыстытæ подрядон организаци сæххæст кодта, фæндаг та пырхæй баззад. Ахæм чъизи вæййы, æмæ бахилæтæ дæр нæ баххуыс кæнынц, хъаст кæнынц цæрджытæ.

Асфальт ацы уынджы никуы уыд. Адæм фæндагмæ сæхи хъарутæй зылдысты. Ныккалынц дзы хуыр. Ныр та машинæйыл дæр ацæуæн нæй, зæгъы Сланты Отар. Афтæ-иу уыд æмæ-иу автомобиль цъыфы ныссагъдис.

Дзæуджыхъæуы администрацийы горæты хæдзарадмæ цæстдарды управленийы бамбарын кодтой, Заводскойы зæххы куыстытæ подрядон организаци æххæст кæнын райдыдта профилон ведомствæйы бар нæ райсгæйæ. Закъонхæлд нысангонд æрцыд.

Ахæм уавæры уынг ис фарон декабрæй фæстæмæ. Подрядон организацийы разамонæг интервью дæттыныл не сразы, фæлæ фæскадры бамбарын кодта, бадзырдмæ гæсгæ куыст дарддæр æххæстгонд цæудзæн. Фæндаггон куыстытæ проектмæ хаст æрцæудзысты? Уыцы фарста нырма гом у. Поселочы цæрджытæ сæ зæрдæ дарынц, фарста тагъд рæстæджы лыггонд кæй æрцæудзæн, ууыл. Ныр та уал сæ хæдзарæй рацæугæйæ семæ исын хъæуы ивæн къахы дарæс.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania