филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:05 среда, 08 мая 2024
10 августа 2022, 10:37
Зруджы аргъуан сабыргай здæхы йæ раздæры хуызмæ

Уый къухы бафтыд, Аланийыл саргъуыды 1100 азы программæ æххæст кæнгæйæ

Зруджы аргъуан арæзт æрцыд 10-æм-11-æм æнусты. Алагиры районы историон цыртдзæвæныл уал азмæ азтæ тынг фæбæрæг сты, æмæ рагæй уыд цалцæггæнинаг. Ныр уыцы фадат фæзынд, Аланийыл саргъуыды 1100 азы программæ æххæст кæнгæйæ. Аргъуан бахастой, культурон бынты объекттæ бахъахъхъæнæны федералон программæмæ. Цалцæггæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уый федта профилон министр Моргуаты Константин.

Иу дур иннæуыл æвæргæйæ, Зруджы аргъуан сабыргай здæхы йæ раздæры хуызмæ. Уый къухы бафтыд, Аланийыл саргъуыды 1100 азы программæ æххæст кæнгæйæ. Радон хатт объект бабæрæг кодта республикæйы арæзтады æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин. Уымæн æмæ куыстыты заказгæнæг у сæ ведомство. Моргуаты Константин куыд загъта, афтæмæй йæ фæнды фенын егъау куыстыты хатдзæгтæ, фæлæ арæзтадон сезон у цыбыр. Стæй ма зындзинæдтæ сæвзæрынц, арæзтадон æрмæджытæ бынатмæ афоныл бахæццæ кæнынимæ.

Зруджы аргъуан арæзт æрцыд астæуккаг æнусты цæугæдоны сæрмæ. Рæстæг куыд цыди, афтæ дон фехæлдта хуырæй конд обау, æмæ арæзтады иу хай хæлд æрцыд. Фарон дзы хуырæй конд хай сног кодтой, æмæ аргъуан райдыдта йæ рагон хуызмæ здæхын.

Специалисттæ Зруджы аргъуаны кусынц радыгай. Фæллойгæнджыты бригадтæ кусынц, кæрæдзи ивгæйæ, фæлæ куыст не рлæууы. Ныртæккæ сæйраг уаргъ æвæрд ис амайджытыл. Ахæм ахсджиаг объектыл кусгæйæ хъæуы стыр фæлтæрддзинад.

Уæрæсейы æппæтæй рагондæр чырыстон аргъуантæй иу ис дыууæ мин метры бæрзæнды. Æмæ ныртæккæ, зæгъæн ис, райдайы йæ ног цард. 10-æм æнусæй фæстæмæ хъахъхъæны Зруджы ком. Къултæй та йæм кæсынц сыгъдæг удты дзуарынывтæ. Уыцы фрескæтæм дæр бæстон базилдзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania