филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:43 пятница, 03 мая 2024
27 января 2020, 17:30
Зымæджы дыккаг мæй кæронмæ фæхæццæ кæны

еспубликæйы цæрджытæ рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, ахæм митыл цин кæнынц куыд сывæллæттæ, афтæ хистæр кары адæм дæр

Зымæджы дыккаг мæй кæронмæ фæхæццæ кæны. Æхсызгон уый у, æмæ дзоныгътæ сисыны афон дæр кæй æрлæууыд. Республикæйы цæрджытæ рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, ахæм митыл цин кæнынц куыд сывæллæттæ, афтæ хистæр кары адæм дæр. Ирхæфсæн бынæтты тезгъо кæнынмæ æмбырд кæнынц æнæнхъæн бинонтæй.

Дендрарийы парчы бирæ адæм. Горæты цæрджытæ миты руардмæ æнхъæлмæ кастысты рагæй. Уыимæ адæммæ фæзынди зымæгон зæрдæйы ахаст. Ралæууыди дзоныгътыл бырыны рæстæг.

Битарты Руслан ардæм æрбауæцы алы бон дæр. Цалдæр км атезгъо кæны сыгъдæг уæлдæфы. Куыд зæгъы, афтæмæй йын ахæм зымæгон бонты йе *нæниздзинадыл кусын вæййы æнцондæр, стæй æхсызгондæр. Мит ын йæ зæрдæйы гуырын кæны цавæрдæр удæнцойдзинад æмæ хъæлдзæгдзинад.

Дзоныгътыл хи ирхæфсынмæ адæм цæуынц, Попов Хутор кæй хонынц, уырдæм. Митæй кæнынц митын дадаты, хъазынц миты хъæпæнтæй, сæ зæрдæ дарынц, мит арæхдæр кæй уардзæни, ууыл.

Синоптикты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы къуыри фæхъармдæр уыдзæни. Хæстæгдæр бонты температурæ схиздзæни 10 градусмæ. Фæлæ та фæлладуадзæн бонтæм æнхъæлмæ кæсæн ис митæруардмæ. Уымæ гæсгæ дзоныгътæ æфснайыны рæстæг нæма у.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania