филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:14 среда, 01 мая 2024
22 декабря 2022, 11:42
Зындгонд ахуыргонд Тахъазты Харумыл сæххæст 90 азы

Уый фæдыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ЮНЕСКО-йы залы арæзт æрцыд кадджын æмбырд

Филологон наукæты доктор, профессор, æвзагзонынады дæсны Тахъазты Харумыл сæххæст 90 азы. Уый фæдыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ЮНЕСКО-йы залы арæзт æрцыд кадджын æмбырд. Зындгонд ахуыргонд, бирæ хæрзиуджыты хицау, кадджын хистæр мадæлон æвзаджы рæзтæн кæны удуæлдай лæггад. Наукæйæн дæр бацыд бирæ хæрзты. Ахæм хъуыдыйыл хæст уыдысты, æмбырдмæ чи рбацыд, уыдон се ппæт дæр. Уыди дзы не сфæлдыстадон къорд дæр.

Зындгонд ахуыргонд, бирæ хæрзиуджыты хицау æмæ кадджын хистæр Тахъазты Харум ахызт йæ 90 азы сæрты. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæрæгбон дæр ын ацыд, йæ царды фылдæр хай кæм арвыста, уым – ЦИПУ-йы. Филологон наукæты доктор мадæлон æвзаджы рæзтæн кæны удуæлдай лæггад. Йæ зонды фарнæй кæмæн фæхай кодта, уыдон кусынц нæ республикæйы скъолаты æмæ институтты. Æрбацыдысты мадзалмæ, цæмæй Харумæн зæрдиаг арфæтæ æмæ бузныджы ныхæстæ ракæной, уый тыххæй.

Тахъазты Харум, профессор: «Студенттæн канд зонындзинæдтæ ма ратт иронау, фæлæ ма сын бауарзын кæн ирон æвзаг. Фæндыд мæ æмæ архайдтон, цæмæй ирон æвзаг рæза. Мæ бон цы уыди, уый кодтон уыцы хъуыддагæн».

Наукон проблемæмæ дæр, стæй царды алы фæзындмæ дæр Харум куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсы. Куырыхон адæймагæн афтид йæ цæстæнгас чи федта, уый дæр йæхи амондджыныл нымайы. Уæлдайдæр та æмгуыст кæимæ кодта, уыдон. Бирæтæн у фæзминаг хистæр.

Асаты Наталья, Ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы доцент: «Тахъазты Харумы ном ирон филологийы факультеты дæр æмæ æнæхъæн Ирыстоны дæр зындгонд у. Уарзон хистæр у алкæмæн дæр. Мæхи кой куы кæнон, уæд мæ зæрдæйы бынат ис æцæг уæздан хистæртæн. Уыдонæй иу у Тахъазты Харум. Йæ уæздан ныхас æмæ куырыхон зонд æнæвгъауæй лæвар кодта кæстæр фæлтæртæн».

90 азмæ Тахъазты Харумæн йæ къухы бафтыд бирæ æнтыстдзинæдтæ. Рауагъта чингуытæ куыд скъоладзаутæн, афтæ студенттæн дæр. Йæ ахуыргæнинæгтæй бирæтæ ныр уыцы чингуыты ххуысæй кусынц рæзгæ фæлтæртимæ.

Гасанты Валерий, газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæг: «Тахъазты Харумæн йæ лекцитæ хуымæтæг нæ уыдысты. Ахуыр нæ кодтой, æвзагзонынады фарстатæ куыд иртасгæ сты, ууыл. Арæх нын дзырдта йæ ахуыргæнæг Абайты Васойы тыххæй. Йе руаджы кæддæриддæр хъахъхъæд уыд фæлтæрты фарн».

Æвзагзонынады дæсны йæхи амондджыныл нымайы. Йæ куыст кодта сыгъдæгзæрдæйæ. 20 азæй фылдæр уыд æвзагзонынады кафедрæйы разамонæг. Уæдæ дзы йæ размæ цы зындгонд адæм куыстой, уыдоны æвæрæнтыл бафтыдта æмæ сæ фæхъæздыгдæр кодта.

Джыккайты Виолетæ, Дзæуджыхъæуы 34-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг: «Абон Харумæн у йæ райгуырæн бон. Æххæст ыл кæны 90 азы. Уый хуызæн адæм нæм фылдæр куы уа, уæд нæ фæсивæды цард дæр рæсугъддæр уыдзæн.

Тахъазты Харум кæддæриддæр дзырдта: «Æвзаг уарзын хъæуы, дæ мады куыд уарзыс, афтæ». Æрмæст ацы хъуыдыйæ дæр бæрæг у, йæ дæсныйад æмæ йæ Фыдыбæстæ бирæ кæй уарзы, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania