Зæрдылдарæн нысан фидаргонд æрцыди спортсмен æмæ уæгъдибар хъæбысхæсты ирон скъолайы бындурæвæрæг цы хæдзары царди, уый къулыл
Зындгонд хъæбысæйхæцæг Дзарасаты Саукуыдзæн Дзæуджыхъæуы байгом кодтой мемориалон фæйнæг. Зæрдылдарæн нысан фидаргонд æрцыди спортсмен æмæ уæгъдибар хъæбысхæсты ирон скъолайы бындурæвæрæг цы хæдзары царди, уый къулыл. Дзарасаты Саукуыдз спорты схызти бæрзонд къæпхæнтæм, æппæтадæмон къласы спорты мастер, Олимпаг хъæзтыты æмæ дунейы чемпионаты призер, Советон Цæдисы бирæ хатт чемпион. Йæ ном бацыд бæстæйы спорты историмæ, йе нтыстдзинæдтæ та дæнцæг сты бирæ фæлтæртæн. Йе мкусджытæ, æмæ йæ хъомылгæнинæгтæ Дзарасаты Саукуыдзы мысынц æрмæст æнтыстджын спортсменæй нæ, фæлæ йæ цард спорты ацы хуызæн æмæ фæсивæды хъомыладæн чи снывонд кодта, ахæм адæймагæй.




