филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:23 понедельник, 06 мая 2024
15 декабря 2023, 11:40
Зынгхуыссынгæнджытæ æмæ ирвæзынгæнджытæ сæ арæхстдзинад равдыстой иумæйаг куысты

Архайдтой фæндаггон фыдбылызы фæстиуджытæ иуварс кæныны хъуыддаджы

Зынгхуыссынгæнджытæ æмæ ирвæзынгæнджытæ сæ арæхстдзинад равдыстой иумæйаг куысты. Архайдтой фæндаггон фыдбылызы фæстиуджытæ иуварс кæныны хъуыддаджы. Æрхъуыдыгонд таурæгъмæ гæсгæ, Федералон фæндаг А-161 Дзæуджыхъæу – Дæллаг Ларс – Гуырдзыстонимæ арæныл кæрæдзи скъуырдтой 3 машинæйы. Фыццæгтæ бынатмæ æрбамбæлдысты фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы кусджытæ æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ. Ирвæзынгæнджытæ æмæ зынгхуыссынгæджытæ хъыгдардбаййафджыты раластой машинæтæй, æмæ сæ бахастой тагъд æххуысы станцæйы кусджытæм. Уымæй дарддæр ахуыссын кодтой, машинæтæй иуы цы зынгсирвæзт æрцыд, уый. Сæрмагонд службæты кусджытæ сæ размæ æвæрд хæстæ сæххæст кодтой иттæг хорз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania